Хуссар æмæ Цæгат Иры таможнæты кусджытæ аивтой сæ фембæлд арæны проблемæты фæдыл

© Пресс-служба парламента РЮОФембæлд "дæллаг Зæрæмæг"-ы уадзæн пункты цур
Фембæлд дæллаг Зæрæмæг-ы уадзæн пункты цур  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембæлд, кæцыйы рæстæджы фæнд кодтой æрдзурын хæдтулгæты баласты æмæ продуктты ласыны фæдыл сæвзæргæ проблемæйыл, нысангонд уыд 26 мартмæ. Ног фембæлды бон нырма скъуыддзаг не 'рцыд

ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik, Козаты Диана. Коронавирусы апарахат ма руадзыны фæдыл мадзæлтты фæлгæтты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны таможнæйон органты минæвæрттæ аивтой раздæр снысангонд фембæлд, загъта Sputnik РХИ таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурæт.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсемӕ бацӕуыныл тобӕ нӕ бандавдзӕн Хуссар Ир, Абхаз ӕмӕ ХПӔ бӕстӕты ӕмбӕстӕгтыл

Фембæлды рæстæджы таможнæйы кусджытæ фæнд кодтой æрдзурын арæны сæрты хæдтулгæты баласты æмæ хæлцадон продуктты ласыны фæдыл сæвзæргæ проблемæйыл. Дыццæджы райсомæй Цæгат-Кавказаг Таможнæйон управлени (ЦКТУ) апарахат кодта хъусинаг, цы ран сиды рæстæгмæ таможнæйон органтæм ма цæуын, фæлæ сæ куырдиæттæ æмæ фарстытæ æрвитын электронон почтæйæ. Хъусинаджы бамбарын кодтой, мадзæлттæ ист кæй цæуынц Уæрæсейы территорийыл коронавирусы апарахат ма руадзыны нысанæн.

"Уæрæсейаг коллегæтæн рæстæгмæ тобæ сæвæрдтой æхсæнадæмон фембæлдтæ уадзынæн. Нæ фембæлд нысангонд уыд 26 мартмæ, фæлæ йæ ахастой. Ног фембæлды бон нырма скъуыддзаг не 'рцыд", - загъта Цхуырбаты Мурæт.

Уый бафтыдта, зæгъгæ, фембæлды ахаст нæ нысан кæны, фарсытæ кæй нæ скъуыддзаг кæдзысты сæвзæргæ проблемæтæ, уый.

Хуссар Ирыстоны дæр цалдæр боны размæ тобæ сæвæрдтой паддзахадон кусджытæн фæсарæнтæм цæуыныл, бынтон æнæмæнгхъæуæг куы нæ уа, уæд.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0