МХМ фӕдзӕхсы хус кӕрдӕг ӕмӕ бырон ссудзыны фӕдыл бӕрндзинады тыххӕй

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры зынгфӕдисонтӕ
Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Милици уадзы ӕмбарынгӕнӕн ныхас цӕрджытимӕ, цӕмӕй ӕххӕст кӕной зынгсирвӕзтты ӕдасдзинады фӕтктӕ

ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы фадыгонтӕ сидынц ма уадзын судзгӕ арт ӕнӕ хъусдардӕй бырон ӕмӕ хус кӕрдӕг ӕфснайыны рӕстӕджы.

Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы

Фӕткхӕлдтӕ куы сбӕрӕг кӕной, уӕд аххосджынтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн административон, кӕнӕ та уголовон бӕрндзинад, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).

Хуссар Ирыстоны марты райдайӕны ӕрцыд бирӕ зынгсирвӕзттӕ хъӕдтӕ ӕмӕ быдырты. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) информацимӕ гӕсгӕ, зынгсирвӕзтты фылдӕр хай ӕрцыд адӕймаджы аххосӕй – уыдон сыгътой хус кӕрдӕг ӕмӕ бырон, ӕмӕ йӕ уагътой ӕнӕ хъусдардӕй, уый фӕстиуӕгӕн арт аххӕссыд хӕстӕг бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ бӕлӕстӕм.

"Зынгсирвӕзтты фӕткы домӕнтӕ фехӕлджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн административон, кӕнӕ та уголовон бӕрндзинад", - банысан кодта МХМ пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Ивгъуыд къуыри министрад барвыста прокуратурӕмӕ административон хъуыддаг республикӕйы цӕрӕджы фӕдыл.

Хуссар Иры схорзӕхджын кӕндзысты Цхинвалы цур бырондоны зынгсирвӕзт хуыссынгӕнджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры схорзӕхджын кӕндзысты Цхинвалы бырондоны зынгсирвӕзт хуыссынгӕнджыты

"МХМ фӕдагуырды-оперативон къорд сбӕрӕг кодта, зӕрдӕхсайгӕ кӕй фехӕлдта зынгсирвӕзтты ӕдасдзинады фӕтктӕ ӕмӕ ссыгъта хус кӕрдӕг, уый фӕстиуӕгӕн арт аххӕссыд хъӕбӕр ӕвзарӕнты полигонмӕ", - загъта уагдоны минӕвар.

Цхинвалы цӕгаттаг хайы быроны полигоны зынгсирвӕзт ӕрцыд 10 марты. Йӕ ахуыссын кӕнынӕн сарӕзтой оперативон штаб, зынгсирвӕзт аиуварс кодтой ӕрмӕстдӕр ӕртыккаг бон. Фӕстӕдӕр МХМ фехъусын кодтой, кӕй сбӕрӕг кодтой зынгсирвӕзты аххосджыны.

Ног хабӕртты лентӕ
0