https://sputnik-ossetia.com/20200407/Arkhiepiskop-Leonid-raarf-kodta-Khussar-Iry-admn-Khrzuatsy-tsytn-10382673.html
Архиепископ Леонид раарфӕ кодта Хуссар Иры адӕмӕн Хӕрзуацы цытӕн
Архиепископ Леонид раарфӕ кодта Хуссар Иры адӕмӕн Хӕрзуацы цытӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕстдинонтӕ дыццӕджы, 7 апрелы, нысан кӕнынц Хӕрзуац, ацы бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы цӕрджытӕн раарфӕ кодта Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид 07.04.2020 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2020-04-07T10:57+0300
2020-04-07T10:57+0300
2020-04-07T10:36+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1038/10/10381068_0:155:1281:878_1920x0_80_0_0_c6970471e133bc050201923c36c80d22.png
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2020
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1038/10/10381068_0:96:1281:901_1920x0_80_0_0_c0311441d359cf3fae709808952a685e.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, дин, цӕгат ирыстон
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, дин, цӕгат ирыстон
Архиепископ Леонид раарфӕ кодта Хуссар Иры адӕмӕн Хӕрзуацы цытӕн
Рӕстдинонтӕ дыццӕджы, 7 апрелы, нысан кӕнынц Хӕрзуац, ацы бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы цӕрджытӕн раарфӕ кодта Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид
ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг архиепископ Леонид раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны адӕмӕн Хӕрзуацы бӕрӕгбоны цытӕн.
"Хӕрзуац у иууыл сӕйрагдӕр рӕстдинон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу, хорз уацы бон, кӕцы ӕрцыд адӕммӕ Архангел Гавриилы уылты. Уыцы бон ма Мад Майрӕм баууӕндыд Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ ныфсы руаджы мах фервӕзтыстӕм", - дзырдӕуы арфӕйы.
Архиепископ банысан кодта, Хӕрзуац кӕй у ӕппӕтдунейон циндзинады райдайӕн.
"Бердзенаг ӕвзагыл бӕрӕгбоны ном у "Евангелисмос" ӕмӕ арӕзт ӕрцыд дзырд Евангелийӕ. Ног Фӕдзӕхсты чиныг, Евангели, дӕр у Хӕрзуац", - банысан кодта Леонид.
Архиепископ ӕрсидт, "цӕмӕй ацы зын рӕстӕджы ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕхи ӕрбайгом кӕнӕм Хорз уацӕн".
Хӕрзуац у рӕстдинон дзуары дыууадӕс сӕйраг бӕрӕгбонтӕй сӕ иу. Уый нысан кӕнынц 7 апрелы, фӕлӕ йӕ, традицимӕ гӕсгӕ, адӕм райдайынц нысан кӕнын ацы бӕрӕгбон хӕдагъоммӕ изӕры.