00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хуссар Иры ӕфсад фыццаг хатт хайад райсдзӕн ахуырты "Кавказ-2020"

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры ӕфсад
Хуссар Иры ӕфсад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр радзырдта эксклюзивон интервьюйы Sputnik республикӕйы хайадисты тыххӕй командон-штабон ахуырты

ЦХИНВАЛ, 13 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕфсад фыццаг хатт хайад райсдзӕн ахӕм егъау ӕхсӕнадон ӕфсӕддон ахуырты, куыд "Кавказ-2020", фехъусын кодта эксклюзивон интервьюйы Sputnik хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим.

Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты хӕцӕнгарзимӕ архайыны ӕмвӕзад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты хӕцӕнгарзимӕ архайыны ӕмвӕзад

Стратегион командон-штабон ахуыртӕ "Кавказ-2020" нывӕндынц ауадзын 2020 азы сентябры.

"Не 'фсӕддон дӕлхайӕдтӕ раздӕр дӕр хайад истой иумӕйаг ахуырты уӕрӕсейаг ӕфсадимӕ, фӕлӕ ахӕм егъау ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон ахуырты хайадисӕг Хуссар Ирыстоны националон ӕфсад суыдзӕн фыццаг хатт", - загъта министр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ уагъд цӕуы цӕттӕгӕнӕн куыст – амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады делегаци хайад райста стратегион командон-штабон ахуыртӕ "Кавказ-2020"-ы организацийы фӕдыл кусӕгон къордты баныхасы, кӕцы ацыд Мӕскуыйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0