Хуссар Иры хицауад иу мӕймӕ материалон ӕххуыс бакодта 100 ӕмбӕстагӕй фылдӕрӕн

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæӔхца
Ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ бахаудтой царды уӕззау уавӕры, адресон ӕххуыс кӕнынц ӕрвылмӕй дæр

ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik. Материалон ӕххуыс 1,2 милуан сомы бӕрц 2020 азы марты райстой Хуссар Ирыстоны 110 цӕрӕджы. Ӕхцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад республикӕйы хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ.

Продукттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕххуысхъуаг бинонтӕн уарынц хӕлцадон продукттӕ

Паддзахадон ӕххуыс райстой: I ӕмӕ II къорды 20 инвалиды (250 мин сом); 13 сабийы бонтӕй инвалиды (130 мин сом); 44 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (500 мин сом); цыппар амӕттаджы бинонтӕ (60 мин сом); 20 ӕххуысхъуаг бинонтӕ (210 мин сом) ӕмӕ фондз сидзӕры (50 мин сом).

Афтӕ ма, дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ бахаудтой царды уӕззау уавӕры, райстой фӕйнӕ 10 мин сомы, республикӕйы дыууӕ цӕрӕджы та райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (25 мин сомы).

Ног хабӕртты лентӕ
0