ЦХИНВАЛ, 17 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад адарддӕр кодта 26 апрелы онг карантинон мадзӕлтты ӕмгъуыд, кӕцытӕ райстой коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕнынӕн. Уынаффӕ райстой майрӕмбоны республикӕмӕ хӕстӕг паддзахӕдты COVID-19-ы фӕрынчынуӕвджыты нымӕцы фӕфылдӕры тыххӕй, афтӕ ма инфекци республикӕйы территоримӕ ма ‘рбауадзыны нысанӕн.
"Хуссар Ирыстоны территоримӕ коронавирусон инфекци ма ‘рбауадзыны нысанӕн республикӕйы къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта адарддӕр кӕнын арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты ӕмгъуыд 2020 азы 26 апрелы онг. Мах нӕ хъус дарӕм уавӕрмӕ ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд райсдзыстӕм уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ", - банысан кодта рабадтыл хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.
Афтӕ ма хицауад бахӕс кодта республикӕйы ахуырадон уагдӕттӕн ракӕнын ахуырадон процесс дистанцион формӕмӕ 30 апрелы онг.
Ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Наталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъоладзаутӕ уалдзыгон нысӕнттӕ райсдзысты дистанцион ахуырады формӕмӕ гӕсгӕ.
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.