Сырх Дзуары сӕрдар: цӕттӕ стӕм баххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн COVID-19-ы ныхмӕ тохы

© Sputnik / Андрей Теличев /  Ахизын медиабанкмæСырх Дзуары комитет
Сырх Дзуары комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий ӕрдзырдта коронавирусимӕ тохы фӕдыл ӕхсӕнадон организацийы минӕварады ног сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Кармен Эчесарретимӕ

ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты ног сӕргълӕууӕг Кармен Эчесаррет равдыста ныфс, коронавирус кӕй не ‘рбахиздзӕн республикӕйы территоримӕ, афтӕ ма банысан кодта организацийы цӕттӕдзинад COVID-19-ы ныхмӕ тохӕн баххуыс кӕнынӕн. Уый тыххӕй комитеты сӕрдар фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитриимӕ фембӕлды рӕстӕджы дыццӕджы, хъусын кӕны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

© МИД РЮОХуссар Ирыстоны фӕсарӕйаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий фембӕлд Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты ног сӕргълӕууӕг Кармен Эчесарретимӕ
Сырх Дзуары сӕрдар: цӕттӕ стӕм баххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн COVID-19-ы ныхмӕ тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий фембӕлд Ӕхсӕнадӕмон Сырх Дзуары комитеты ног сӕргълӕууӕг Кармен Эчесарретимӕ

"Фембӕлды рӕстӕджы сӕйраг хъусдард здӕхт уыд коронавирусы пандемийы фарстытӕн, афтӕ ма бахахх кодтой дунейы ӕхсӕнады тыхты активизацийы ахсджиагдзинад ацы инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дезинфекци ӕмӕ маскӕтӕ: куыд бандӕвта коронавирус Сырх Дзуары куыстыл Хуссар Иры

Афтӕ ма фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой Сырх Дзуары архайды фарстытыл Хуссар Ирыстоны территорийыл, ӕмӕ ӕркастысты организацийы дарддӕры нывӕзтытӕм.

Медойты Дмитрий хорз саргъ кодта ӕхсӕнадӕмон организацийы архайдӕн, сӕйраджыдӕр, ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы агурыны фӕдыл координацион механизмӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0