ЦХИНВАЛ, 22 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуырадон процесс гӕнӕн ис адарддӕр кӕной июны, кӕд уӕдмӕ сисой карантинон мадзӕлттӕ. Ахуырады министрады скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, 1-8 кълӕсты скъоладзауты ссӕрибар кодтой ӕрвылазон фӕлварӕнтӕ дӕттынӕй, сӕ зонындзинадӕн сын аргъ кӕндзысты дистанцион ахуыр ӕмӕ ивгъуыд фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.
Ахуырады министр Гасситы Натали фембӕлд скъолаты директортимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой дистанцион ахуырады нысаниуӕгыл ӕмӕ карантины фӕстӕ цы уавӕрты ахуыр кӕндзысты, ууыл.
"Ахуыргӕнджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, алкӕцы скъоладзауӕн фадат нӕй дистанцион ахуыр кӕнын – кӕмӕдӕр гаджеттӕ нӕй, аннӕтӕн та уавӕртӕ нӕй интернетӕй пайда кӕнынӕн. Банхъардтой балхынцъ кӕнын ахуыр предметтӕй, кӕцыты программӕ сывӕллӕттӕ ныридӕгӕн рацыдысты, аннӕ предметтӕй адарддӕр кӕнын дистанцион ахуыр", - радзырдтой ахуырады министрады пресс-службӕйы.
Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, кӕд хицауад сиса карантин скъолаты, уӕд июны басгардзысты, куыд сахуыр кодтой сывӕллӕттӕ сӕ предметтӕ дистанцион ахуыры руаджы.
"Гасситы Натали хорзыл банымадта ацы хъӕппӕрис", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Скъуыддзаг цӕуы фарст рауагъдон кълӕсты фӕлварӕнтӕ раттыны форматы фӕдыл. Фӕлварӕнтӕ ратдзысты ӕрмӕстдӕр 9-11 кълӕсты ахуырдзаутӕ.
Хуссар Ирыстоны 18 мартӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ. Арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ адаргъ уыдзысты 30 апрелы онг, фӕлӕ сӕ гӕнӕн ис адарддӕр кӕной коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй.
Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн.