Бибылты Анатолий бахӕс кодта баххуыс кӕнын цӕрджытӕн карантины уавӕрты

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы президент хорз аргъ скодта мадзӕлттӕн, кӕцытӕ бакодтой Хуссар Ирыстоны коронавирусы тасӕй

ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бахахх кодта, зӕгъгӕ, мадзӕлттӕ, кӕцытӕ райста Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохӕн, дӕттынц фӕстиуӕг. Уый тыххӕй президент фехъусын кодта майрӕмбоны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл.

Продукттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕххуысхъуаг бинонтӕн уарынц хӕлцадон продукттӕ

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, цӕрджыты хай разы кӕй нӕу арӕнӕвӕрдон мадзӕлттимӕ.

"Фӕлӕ мах уынӕм, ацы мадзӕлттӕ кӕй радтой фӕстиуӕг, тесттӕ не сбӕрӕг кодтой коронавирусы уӕвынад цӕрджытӕн", - бахахх кодта президент.

Бибылты Анатолий бузныг загъта ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ бӕрнон ахаст дарынц ацы мадзӕлттӕм, сӕйраджыдӕр, шофыртӕ, кӕцытӕ ласынц уаргъ республикӕмӕ.

Уымӕй дарддӕр, президент банысан кодта хицауады скъуыддзаг дӕр кӕцыдӕр объектты куыст сног кӕныны фӕдыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕтӕ баззадысты ӕнӕ фӕрӕзтӕй, уый фӕдыл адӕмӕн хъӕуы раттын фадат кусын.

"Кӕцыдӕр адӕм баззадысты ӕнӕ куыстӕй, сӕ нымӕцы ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ куыстой ӕхсӕнадон хӕлцады бынӕтты. Уыдонӕн дӕр хъӕуы баххуыс кӕнын, бакусын ацы фарстыл. Фӕлӕ уыдонмӕ хъуамӕ уой документтӕ, кӕцыты фидаргонд у, кӕй куыстой, уый", - загъта президент.

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг бахӕс кодта баххуыс кӕнын ӕххуысхъуаг бинонтӕн. Уыдонӕн ратдзысты продуктты тыхтонтӕ.

Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0