Ир-Fm социалон хызӕгты: Хуссар Иры паддзахадон радио бакодта ног проект 

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон радиойы куысты техникон згъуыдтытӕ фӕзынд ивгъуыд аз сӕрды кӕрон. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын не 'нтысы уӕдӕй нырмӕ

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон радио бакодта ног ӕрвылкъуырион алӕвӕрд. Актуалон фарстытыл ныхас ӕмӕ онлайн-концерттӕ цӕудзысты ӕрвыл сабаты социалон хызӕгты комкоммӕ трансляцийы.

Радио Ир-FM - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзы нæ улæныл: паддзахадон радио нæ кусы æртæ мæйы

Хуссар Ирыстоны паддзахадон радиойы куысты техникон згъуыдтытӕ фӕзынд ивгъуыд аз сӕрды кӕрон. Йӕ куысты ӕмгъуыд фӕцис сигнал дӕттӕг ифтонгадӕн, уый фӕстӕ фидиуӕн бынтондӕр ахицӕн кодтой. Фӕстӕдӕр ӕй ракодтой ӕндӕр уылӕнмӕ, фӕлӕ уым дӕр йӕ гъӕд ӕмбӕлон уагыл нӕ уыд. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын не 'нтысы уӕдӕй нырмӕ.

"Радио Ир-Fm нӕ кусы, уымӕ гӕсгӕ нӕ студийӕ сарӕзтам интернет-фидиуӕн, видеотрансляци  цӕуы нӕ фӕрстӕм Facebook ӕмӕ Instagram-ы. Алӕвӕрдтӕ цӕудзысты дыууӕ сахаты бӕрц. Сӕ нысан у адӕммӕ хӕццӕ кӕнын актуалон информаци ӕмӕ ма цӕмӕй сӕхи дӕр ирхӕфсой",- загъта радиойы разамонӕг Цхуырбаты Алан.

Радиойы ног алӕвӕрды фыццаг уазӕг ссис Югосетпотребнадзоры хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна, уый ӕрдзырдта коронавирусы пандемийы рӕстӕджы дунейы уавӕрыл, афтӕ ма Хуссар Иры цы мадзӕлттӕ ист цӕуынц вирусӕй хи бахаизынӕн, уыдӕттыл. Уый ма сдзуапп кодта радиомӕхъусджыты фарстытӕн ӕмӕ радта рекомендацитӕ. 

Радон эфиры уазӕг суыдзӕн зарӕггӕнӕг Алла Кокион, уый ауадздзӕн онлайн-концерт.

Алӕвӕрдты рӕстӕг у изӕры 20:00-22:00 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0