Хуссар Иры Тагъд ӕххуысы кусджытӕ исынц арфӕтӕ сӕ бӕрӕгбоны цытӕн

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры Тагъд ӕххуысы кусджытӕ
Хуссар Иры Тагъд ӕххуысы кусджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Тагъд æххуысы кусджытӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Уыдонӕн сæ куыст у адæймаджы хæрзиуæгæн аккагæй лæггад кæныны цæвиттон

ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Дунейы бӕстӕтыл инфекцион низ коронавирус кӕй апарахат ис æмæ алы æнæнхъæлæджы уавæртæм дӕр цæттæ уæвын кæй хъæуы, уый фылдæр бæрндзинад домы хуссар Иры Тагъд æххуысы станцы кусджытæй. Хæцгæ низ республикæмæ ма æруадзыны тыххæй тагъд æххуысы медиктӕ дæр кусынц æхсæвæй-бонæй. Алыхуызон мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц, уымæ гæсгæ коронавирусы ног хуызæй фæрынчыны цау Хуссар Ирыстоны иунæг дæр нæма ис.

Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры медиктæ коронавирусы фӕзынды тыххӕй: нӕ фӕтыхсдзыстӕм

Тагъд æххуысы кусæджы бон фадат дæтты, цæмæй сын бузныг зæгъæм сæ аудындзинады тыххæй. Сæ професси у, адæймаджы хæрзиуæгæн аккагæй лæггад кæныны цæвиттон.

Тагъд æххуысы кусджытæ, æхсæв æмæ бон не ‘взаргæйæ, мæлæты ныхмæ тохы куы бацæуынц, æмæ сæ къухты арæхстдзинад, сæ зонындзинæдтæ æмæ уды хуыздæр миниуджыты руаджы рынчыны цардмæ куы раздахынц, уæд уыцы урсхалатджынтæ рынчын æмæ йæ хиуæттæм зæххон лæг нал фæкæсы, фæлæ уæларвон. Уый стыр æмæ уæззау уаргъ у: дохтыры ном хæсгæйæ мыдадз цырагъау адæмы хæрзæбонæн судзын.

Тагъд ӕххуысы дохтыртӕ сæ тыхтыл æмæ зонындзинæдтыл æнæ ауæрдгæйæ, стыр хайбавæрд хæссынц адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Се ‘рвылбонон удуæлдай куыстæй уыдон адæмæн цард лæвар кæнынц, сомбоны ныфс сын дæттынц.

Царды цыдæриддæр дæсныйæдтæ ис, уыдонæй дохтыры дæсныйад у æппæтæй ахсджиагдæр, зындæр æмæ вазыгджындæр. Тæригъæд кæнын, фæлмæнзæрдæ уæвын, искæй рыст хи рыстау æнкъарын - уыдон сты дохтырæн йæ сæйраг миниуджытæ.

Цхинвальские улицы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы "тагъд æххуыс" сæмбæлд дыууæ хæдтулгæйыл

Адæм сæм фенхъæлмæ кæсынц, ныфс сæ æвæрынц… Рынчын дохтыры хъару, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинадыл куы баууæнда, йæхимидæг фидарæй куы зæгъа, адзæбæх мæ кæндзæн, зæгъгæ, аирвæзын мæ кæндзæн, уæд уымæн æнæрцæугæ нæй. Æууæнкæй аразгæ у алцы дæр…

Хорз дохтыры алы хатт дæр Хуыцауæй лæвæрд фæхонынц, ома йæм Хуыцауæй лæвæрд курдиат ис.

Паддзахады райрæзты иууыл ахсджиагдæр бæрæггæнæнтæй иу у æнæниздзинад хъахъхъæныны стыр æмвæзад. Хуссар Ирыстоны дӕр бындуронæй рацарæзтой медицинон объекттæ. Архайдзысты дохтыртæ æмæ медицинон кусджытæн сæ царды уавæртæ хуыздæр кæныныл, сæ мызды фӕфылдӕрыл. Архайдзысты, кусын кæй фæнды æмæ размæ чи тырны, медицинæйы къабазы ахæм курдиатджын фæсивæд агурыныл æмæ сын куысты фадæттæ аразыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0