Бизнес vs коронавирус: Хуссар Иры сӕндуцджытӕн ис оптимистон нывӕзтытӕ

© Sputnik / Наталья Айриян"Сӕн"-ы бӕрӕгбон
Сӕн-ы бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сӕндуцджытӕн фӕзынд проблемӕты къорд карантины уавӕрты

ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны бизнесментӕ ӕрбаиу сты республикӕйы цӕрджытӕн ӕххуыс кӕнынмӕ коронавирусы пандемийы рӕстӕджы. Бӕстӕйы егъау сӕндуцӕн компани "Иронсӕн" баххуыс кодта Югосетпотребнадзорӕн балхӕнын сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ – комитеты кусджытӕ райстой респиратортӕ ӕмӕ хъахъхъӕнӕн костюмтӕ.

 Иронсӕн баххуыс кодта балхӕнын хъахъхъӕныны фӕрӕзтӕ Хуссар Иры дохтыртӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕххуыс бизнесӕй: "Иронсӕн" баххуыс кодта хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй Хуссар Иры дохтыртӕн

Компанийы бындурӕвӕрӕг Таймураз Гогинов радзырдта  Sputnik, куыстуат кӕй ӕххӕст кӕны йӕ куыст хуымӕтӕг режимы.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, вирусы уавӕр ӕвзӕр ӕндавы рауагъдадыл, ахӕм уавӕрты, сӕйраджыдӕр, фехӕлы логистикон рӕхыс", - банысан кодта Гогинов.

Уый бахахх кодта, цӕрджытӕн се ‘фтиӕгтӕ кӕй фӕкъаддӕр сты, уый фӕдыл продукци дӕр нал ӕлхӕнынц.

Гогинов бафтыдта, зӕгъгӕ, зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, компанийӕн ис оптимистон нывӕзтытӕ. Фӕлӕ пандеми уӕддӕр бахаста ивындзинӕдтӕ компанийы нывӕзтытӕм. Таймураз Гогиновы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕндысты ауадзынц продукцийы равдыст Краснодар ӕмӕ Дюссельдорфы.

"Махӕн уӕддӕр бантыст хайад райсын ӕхсӕнадӕмон равдыст "Продэкспо-2020"-ы. Бизнесментӕ сты тынг оптимистон адӕм. Уырны мӕ, дыууӕ къуырийы фӕстӕ ацы вирусимӕ зындзинӕдтӕ кӕй фӕуыдзысты ӕмӕ мах размӕ ацӕудзыстӕм", - бахахх кодта Гогинов.

Хуссар Ирыстоны абоны бон нӕй коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджытӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0