Хуссар Иры апрелы социалон ӕххуыс райстой ӕрдӕгсӕдӕ цӕрӕджы

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры апрелы социалон ӕххуыс райстой ӕрдӕг сӕдӕ цӕрӕджы
Хуссар Иры апрелы социалон ӕххуыс райстой ӕрдӕг сӕдӕ цӕрӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Материалон адресон ӕххуыс райстой республикӕйы 45 ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ бахаудтой царды уӕззау уавӕры

ЦХИНВАЛ, 7 мая - Sputnik. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад адресон ӕххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны 45 ӕмбӕстагӕн апрелы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Материалон ӕххуысы иумӕйаг суммӕ рацыд 505 мин сомы.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий бахӕс кодта баххуыс кӕнын цӕрджытӕн карантины уавӕрты

Паддзахадон ӕххуыс райстой I ӕмӕ II къорды 4 инвалиды (50 мин сомы); фараст сабийы бонтӕй инвалиды (95 мин сомы); 10 бирӕсывӕллонджын бинонтӕ (130 мин сомы); аст амӕттаджы бинонтӕ (80 мин сомы); аст ӕххуысхъуаг бинонтӕ (80 мин сомы) ӕмӕ цыппар сидзӕры (40 мин сомы); республикӕйы дыууӕ цӕрӕджы та райстой материалон ӕххуыс сӕ лӕмӕгъ ӕнӕниздзинады тыххӕй (30 мин сомы).

Адресон ӕххуыс республикӕйы цӕрджытӕн, кӕцытӕ сты зын уавӕрты, дӕттынц хицауады уынаффӕ "Адресон социалон ӕххуысы фӕдыл"-мӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0