Хуссар Ир райдыдта экстремизмы ныхмӕ Конвенцимӕ ӕрбаиу кӕныны процедурӕтӕ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæШанхайы ӕмгуыстады организаци
Шанхайы ӕмгуыстады организаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламент амӕйразмӕ сратификаци кодта закон, цӕмӕй республикӕ ӕрбаиу уа Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенцимӕ экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 14 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон райдыдта мидӕггагон паддзахадон процедурӕтӕ, цӕмӕй республикӕ ӕрбаиу уа Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенцимӕ экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл.

Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы бафыстой бадзырд Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысы фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы бафыстой бадзырд Хуссар Ирӕн финансон ӕххуысы фӕдыл

Президент Бибылты Анатолий ӕртыццӕджы бафыста ратификацион грамотӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ ауадздзысты мидӕггагон паддзахадон процедурӕтӕ. Документ ныммыхуыр кодтой республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сайтыл.

Документы тексты дзырдӕуы, Хуссар Ирыстоны парламент 20 марты законӕй кӕй сратификаци кодта Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенци экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл.

Ратификацион грамотӕйы банысан кодтой, Конвенцийы принциптӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты.

© МИД РЮОРатификацион грамотӕ Хуссар Ирыстон Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенцимӕ ӕрбаиу кӕныны фӕдыл
Хуссар Ир райдыдта экстремизмы ныхмӕ Конвенцимӕ ӕрбаиу кӕныны процедурӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ратификацион грамотӕ Хуссар Ирыстон Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенцимӕ ӕрбаиу кӕныны фӕдыл

Шанхайы ӕмгуыстады организацийы Конвенци экстремизмимӕ тох кӕныны фӕдыл бафыстӕуыд 2017 азы 9 июны горӕт Астанайы организацийы паддзахӕдтӕ-уӕнгты сӕргълӕуджыты Советы рабадтыл. Фарон сентябры Уӕрӕсейы ФХМ ӕрсидт алкӕцы бӕстӕмӕ дӕр, цӕмӕй ӕрбаиу уой экстремизмы ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл Конвенцимӕ. Уӕрӕсейы ФХМ ног ӕртхъирӕнты фарстыты фӕдыл департаменты директор Владимир Тарабрин фехъусын кодта, УФ дарддӕр кӕй кусдзӕн ӕмгуыстад сфидар кӕныны фӕдыл ацы фадыджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0