Хуссар Иры цӕрджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы цыбыр кусӕгон къуыри

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы бон
Уӕрӕсейы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы уыдзӕн ӕртӕ улӕфт боны июны райдайӕны бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фидӕн къуыри уыдзӕн цыбыр Уӕрӕсейы боны фӕдыл.

Хуссар Ир бадзырдта ӕмгуыстады УФ Воронежы областимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бадзырдта ӕмгуыстадыл УФ Воронежы областимӕ

Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ гӕсгӕ, афтӕ ма республикӕйы уӕвӕг фӕллойадон законады нормӕтӕм гӕсгӕ, бӕрӕгбоны цытӕн республикӕйы уыдзӕн ӕртӕ улӕфт боны.

Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ улӕфдзысты майрӕмбоны, сабаты ӕмӕ хуыцаубоны, 12-ӕй 14-ӕм июньмӕ.

Уӕрӕсейы бон, кӕцы нысан кӕнынц 12 июны, нымайынц Уӕрӕсейы иууыл ӕвзонгдӕр паддзахадон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу. Нысан ӕй кӕнынц 1990 азӕй фӕстӕмӕ, Бӕстӕйы хӕдбардзинады фӕдыл деклараци куы бафыстой, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0