Хуссар Иры ацӕудзӕн акци Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны афӕдзы боны

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ацӕудзӕн акци Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны афӕдзы боны
Хуссар Иры ацӕудзӕн акци Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны афӕдзы боны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ссардзысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн акци "Зажги свою свечу" Фыдохы боны, кӕцы нысан кӕнынц Уӕрӕсе ӕмӕ ССРЦ раздӕры бӕстӕты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны афӕдзы боны.

Парады репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфсӕддон цӕттӕдзинад: куыд репетици кӕнынц Цхинвалы Уӕлахизы парад

Германи бабырста Советон Цӕдисмӕ 1941 азы 22 июны. Райсом раджы, 4.00 сахатыл, немыцӕгты авиаци, танктӕ ӕмӕ пехотӕ бабырстой Советон Цӕдисы территоримӕ, уымӕй райдыдтой Стыр Фыдыбӕстон хӕст, кӕцы цыд 1418 боны.

Ацы датӕйы афӕдзы бон мысынц адӕмы, кӕцытӕ бахъахъхъӕдтой сӕ фыдыбӕстӕ. Республикӕйы Культурӕйы министрады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй акци ацӕудзӕн къуырисӕры, 22 июны, 19.00 сахатыл Театралон фӕзуатыл Цхинвалы.

Хуссар Ирыстонӕй, цы ран цӕры 80 мин адӕймаджы, хӕстмӕ ацыдысты 21 763 адӕймаджы, се 'рдӕгӕй фылдӕр баззадысты хӕсты быдырты, авд минӕй фылдӕр та фӕкодтой ӕбӕрӕг сӕфт.

Ног хабӕртты лентӕ
0