Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл Уӕлахизы парадты истори

© Sputnik / Vladimir Astapkovich /  Ахизын медиабанкмæПарад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл
Парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлахизы фыццаг парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл ацыд 1945 азы 24 июны. Уый фӕстӕ 1995 азы онг уый уагъд цыд 9 майы Уӕлахизы Бон ӕрмӕстдӕр юбилейон азты - 1965, 1985 ӕмӕ 1990 азты

9 майы ӕппӕтадӕмон бӕрӕгбоны рӕстӕджы – Уӕлахизы Боны, 1995 азы 19 майы федералон законмӕ гӕсгӕ "1941-1945 ӕзты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты советон адӕмы Уӕлахиз сӕнусон кӕныны фӕдыл", ӕрвылаз Уӕрӕсейы Федерацийы столицӕ Мӕскуы, горӕт-хъайтарты, афтӕ горӕтты, цы ран дислокацигонд сты ӕфсӕддон зылдтӕ, флоттӕ ӕмӕ Каспийскы флотилийы уагъд цӕуынц ӕфсӕддон парадтӕ. Уыдон уагъд цӕуынц ӕфсӕддон техникӕйы хайадистӕй, афтӕ ма дзы вӕййы Уӕлахизы официалон символы копитӕ.

Уӕлахизы фыццаг парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл ацыд 1945 азы 24 июны. Уый фӕстӕ 1995 азы онг уый уагъд цыд 9 майы Уӕлахизы Бон ӕрмӕстдӕр юбилейон азты - 1965, 1985 ӕмӕ 1990 азты.

Уӕлахизы Парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл 1945 азы 24 июны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлахизы Парад Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл 1945 азы 24 июны

Парад, кӕцы ацыд 1995 азы 9 майы Мӕскуыйы Уӕлахизы Бон, ацыд дыууӕ хайӕ. Сырх Фӕзуатылд ацыд хӕсты хайадисджытӕ ӕмӕ фӕсъылдымы ветеранты фистӕгон парад Мӕскуыйаг гарнизоны дӕлхайӕдты хайадистӕй, кӕцы, организаторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ногӕй равдыста историон уӕлахизы Парад 1945 азы. Мадзалмӕ рахастой Уӕлахизы Тырыса дӕр.

1996 азӕй фӕстӕмӕ парадтӕ райдыдтой уадзын ӕрвылаз Сырх Фӕзуатыл, фӕлӕ дзы хайад нӕ иста ӕфсӕддон техникӕ.

2000 азы 9 майы парад ссис  фӕстаг, цы ран ветерантӕ рацыдысты Сырх Фӕзуатыл. 2001 азӕй фӕстӕмӕ уыдон вӕййынц трибунӕтыл кӕсджыты хсӕн. 2001 азы парады сӕйраг хицӕндзинад уыд уый, ӕмӕ фӕссоветон историйы фыццаг хатт парад райста хъахъхъӕнынады граждайнаг министр.

Срых фӕзуатыл парады 2005 азы 9 майы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 60 азы юбилейы цытӕн уыдысты Америкӕйы президент Джордж Буш, Францийы президент Жак Ширак ӕмӕ Германийы канцлер Герхард Шредер. Мадзалы историон хайы Сырх Фӕзуатыл рацыдысты пехотӕйы ротӕ, бронетанкон ӕфсӕдты ротӕ, Ӕсӕддон-денджызон флоты ротӕ, кавалерийы эскадрон, кӕцытыл уыд Дыккаг дунеон хӕсты дарӕс ӕмӕ сӕ хӕцӕнгарзтӕ.

Уый фӕстӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты фронтты штандарты бын хӕсты рӕстӕджы 130 хӕдтулгӕйыл рацыдысты 2,6 мин ветераны.

УФ президенты скъуыддзагӕй 2008 азӕй фӕстӕмӕ сног кодтой ӕфсӕддон техникӕйы хайадист Уӕлахизы парады. Парад ныр уыд ӕртӕ хайӕ: фистӕгон, механизацигонд ӕмӕ уӕлдӕфон. 2008 азы 9 майы ӕфсӕддон парады уыд цалдӕр хицӕндзинады. Сӕ нымӕцы, ӕфсӕдтӕ иууылдӕр рацыдысты ног хӕстон тырысатимӕ, парады хайадисджытыл та уыд ног хуызы дарӕс. Парады уӕлдӕфон хайы пилотажон къордтӕ "Русские Витязи" ӕмӕ "Стрижи"-йӕ дарддӕр хайад райстой вертолеттӕ ӕмӕ хӕдтӕхджыты ӕндӕр хуызтӕ.

Цыппар минмӕ ӕввахс волонтеры ӕппӕт Уӕрӕсейӕ кусынц Ӕнӕмӕлгӕ полк онлайн-мӕ куырдиӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппар минмӕ ӕввахс волонтеры ӕппӕт Уӕрӕсейӕ кусынц "Ӕнӕмӕлгӕ полк онлайн"-мӕ куырдиӕттыл

Ӕфсӕддон парад, кӕцы уыд нывонд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 65 азы сӕххӕсты цытӕн, ацыд 2010 азы Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл. Парады историон хайы фыццаг хатт хайад райстой ХПӔ бӕстӕты ӕмӕ Гитлеры ныхмӕ коалицийы цӕдисонты минӕвӕрттӕ. Иумӕйагӕй Сырх фӕзуатыл рацыдысты иу минмӕ ӕввахс фӕсарӕйнаг ӕфсӕддоны. Мӕскуымӕ ӕрцыдысты ХПӔ дӕс паддзахады ӕфсӕдты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма Америкӕ, Великобритани, Франци ӕмӕ Польшайы парадон къордтӕ.

2010 азы фыццаг хатт 1945 азӕй фӕстӕмӕ мадзалы хайад нӕ райстой суворовецтӕ ӕмӕ нахимовецтӕ. Хъахъхъӕнынады министрад банысан кодта, парадмӕ цӕттӕкӕнынад кӕй адаргъ вӕййы ӕртӕ мӕймӕ ӕввахс, ӕмӕ сӕ дӕргъвӕтин тренировкӕтӕ хъыгдарынц ӕххӕст кӕнын нывӕзтон ахуыртӕ.

2011 азы парады ӕфсӕддонтӕ фыццаг хатт рацыдысты парадон формӕйы нӕ, фӕлӕ быдыроны. Иннӕ аз парады хайадисджытӕ уыдысты быдырон формӕйы нӕ, фӕлӕ парадоны.

2013 азы та сног кодтой суворовецтӕ ӕмӕ нахимовецты хайадист парады.

2015 азы 9 майы парад, кӕцы уыд уывонд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизыл 70 азы сӕххӕст цытӕн, бабӕрӕг кодтой фӕсарӕйнаг паддзахӕдты 30 лидеры. Мадзӕлтты хайад райстой 15 мин адӕймаджы. Фыццаг хатт парады хайад райстой кадетон скъола-интернат "Московский пансион государственных воспитанниц"-ы хъомылгӕнинаг чызджытӕ. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕй дарддӕр, мадзалы хайад райстой фӕсарӕйнаг паддзахӕдты минӕвӕрттӕ – Азербайджан, Сомих, Белорусси, Казахстан, Киргизи, Таджикистан, Инди, Монголи, Серби ӕмӕ Китайы парадон къордтӕ.

Парады бавдыстой ӕфсӕддон техникӕйы 200 иуӕджы, сӕ нымӕцы фыдыбӕстон техникӕйы ног хуызтӕ "Армата", "Курганц", "Бумеранг" ӕмӕ "Коалиция-СВ".

2016 азы парадтӕ ауадзыны историйы фыццаг хатт бавдыста сылгоймӕгты парадон къорд, кӕцыйы сконды уыдысты Хъахъхъӕнынады министрады Ӕфсӕддон университет ӕмӕ Хрулевы номыл материалон-техникон ифтонгады  фӕдыл Ӕфсӕддон академийы ӕфсӕддонтӕ.

Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Уӕлахизы 75 азы: иумӕйаг бӕрн истори ӕмӕ фидӕны раз – Путины уац

Парады бавдыстой авиатехникӕйы ног хуызтӕ: ӕфсӕддон-транспортон хӕдтӕхӕг Ил-76МД90А, ног хӕдтӕхджытӕ Су-35С. 2017 азы Сырх фӕзуатыл парады фыццаг хатт рацыд ӕфсӕддон-патриотикон змӕлд "Юнармия"-йы парадон къорд.

Мадзалы фыццаг хатт равдыстой техникӕ, кӕцы сарӕзтой уӕрӕсейаг арктикон къордӕн. Ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй парады уӕлдӕфон хай нӕ ауагътой.

2018 азы 9 майы Сырх фӕзуатыл парады фыццаг хатт хайад райстой Севастополы Нахимовы ӕфсӕддон-денджызон ахуыргӕнӕндоны хъомылгӕнджытӕ, Росгвардийы Мӕскуыйаг президентон кадетон ахуыргӕнӕндоны хъомылгӕнджытӕ, Смоленскы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады ӕфсӕддон академийы курсанттӕ, Росгвардийы Саратовы институты курсанттӕ ӕмӕ Ӕфсӕддон полицийы парадон къорд. Парады уӕлдӕфон хайы хайад райстой фыдыбӕстон хӕдтӕхджыты ног хуызтӕ.

2019 азы Парады сӕйраг ногдзинад уыд кабриолет лимузин Aurus-ы бындурыл, кӕцы сарӕзтой бӕрӕгбонон маршӕн. Ацы хӕдтулгӕтыл парадон къордты раз рацыдысты парады командӕгӕнӕг ӕмӕ йӕ райсӕг, хъахъхъӕнынады министр. Афтӕ ма Рязаны десантон ахуыргӕнӕндоны парадон къордтӕ, 131-ӕм парашютон-десантон полк ӕмӕ дыккаг мотоӕхсӕн дивизийы парадон къордтӕ фыццаг хатт рацыдысты ног автомат АК-12-имӕ.

2019 азы парады уӕлдӕфон хай фӕстаг момент нал ауагътой ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.

2020 азы апрелы ӕмбисы Уӕрӕсейы президент Владимир Путин аскъуыддзаг кодта аргъӕвын Уӕлахизы 75 азы цытӕн парад уӕззау эпидемиологон уавӕры тыххӕй. Уӕрӕсейы горӕтты 9 майы ацыдысты уӕлдӕфон парадтӕ ӕмӕ бӕрӕгбонон салюттӕ. Майы кӕрӕтты президент фехъусын кодта, Уӕлахизы парад кӕй ацӕудзӕн 24 июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0