Стыр Уӕлахизы 75 азы: иумӕйаг бӕрн истори ӕмӕ фидӕны раз – Путины уац

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы президент Владимир Путин. Архивон къам
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ныффыста уац Дыккаг дунейон хӕст райдайыны аххосӕгтӕ ӕмӕ йӕ фӕстиуджытӕ аивыны фӕлвӕрдтӕ ма руадзыны тыххӕй

75 азы рацыд, Стыр Фыдыбӕстон хӕст куы фӕцис, уӕдӕй нырмӕ. Ацы ӕзты дӕргъы схъомыл цалдӕр фӕлтӕры. Фӕивта планетӕйы политикон картӕ. Нал ис Советон Цӕдис, кӕцы фӕуӕлахиз нацизмыл, фервӕзын кодта ӕнӕхъӕн дунейы. Ӕгӕрыстӕмӕй ма уыцы хӕсты хабӕрттӕ йӕ хайадисджытӕн дӕр баззадысты ивгъуыд рӕстӕджы.Фӕлӕ уӕддӕр Уӕрӕсе цӕмӕн нысан кӕны 9 май куыд иууыл сӕйрагдӕр бӕрӕгбон, 22 июны та цард цыма бандзыгау вӕййы ӕмӕ зӕрдӕ цӕмӕн фӕуынгӕг кӕны?

Фӕдзурӕм, зӕгъгӕ, хӕст ныууагъта арф фӕд алкӕцы бинонты историйы дӕр. Ацы ныхӕсты фӕстӕ – милуан адӕймӕгты хъысмӕттӕ, сӕ фыдӕбӕттӕ ӕмӕ зиӕнттӕ. Сӕрыстырдзинад, рӕстдзинад ӕмӕ рухс нӕмттӕ.

Мӕ ныййарджытӕн хӕст у блокадон Ленинграды хъизӕмӕрттӕ, цы ран амард мӕ дыууӕаздзыд ӕфсымӕр Витя, цы ран диссаджы ивӕрз акодта мӕ мад. Мӕ фыд барвӕндӕй ацыд йӕ горӕт хъахъхъӕнынмӕ – афтӕ ма бакодтой милуангай советон ӕмбӕстӕгтӕ. Хӕцыд плацдарм "Невский пятачок"-ы, фӕцис уӕззау цӕф. Ӕмӕ рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ тынгӕй тынгдӕр фӕнды адӕймаджы йӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕнын, базонын фылдӕр лыстӕгдзинӕдтӕ сӕ царды хӕстон периодӕй. Фӕлӕ нал ис исты бафӕрсыны фадат, уымӕ гӕсгӕ цӕсты гагайау хъахъхъӕнын мӕ зӕрдӕйы мӕ фыд ӕмӕ мадимӕ ныхӕстӕ ацы темӕйыл, сӕ мӕгуырау ӕнкъарӕнтӕ.

Ӕнӕмӕлгӕ полк - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ минӕварад Хуссар Иры: бацахс дӕ бынат "Ӕнӕмӕлгӕ полк"-ы рӕнхъы

Мӕнӕн ӕмӕ мӕ цахъхъӕн ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ хъӕбултӕ, нӕ цоты цот ӕмӕ уыдон цот ӕмбарой, цы фыдӕбӕттӕ ӕмӕ зиӕнттӕ бавзӕрстой нӕ фыдӕлтӕ. Куыд, цӕмӕн сӕ бон бацис бафӕразын ӕмӕ рамбулын? Кӕцӕй сӕм ӕрцыд ахӕм тых, кӕцы дисы ӕфтыдта ӕппӕт дунейы? Ойы, уыдон хъахъхъӕдтой сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ сывӕллӕтты, сӕ хиуӕтты, сӕ бинонты. Фӕлӕ сӕ алкӕй дӕр иу кодта Райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинад. Уый уыд иууыл арфдӕр ӕнкъарӕн ӕмӕ нацистты ныхмӕ хъӕбатыр тохы ирддӕр ӕвдисӕн.

Арӕх фехъусӕм ахӕм фарст: ныры фӕлтӕртӕ та куыд дариккой сӕхи, цахӕм скъуыддзӕгтӕ хӕссид критикон уавӕрты? Мӕ цӕстыты раз сты ӕвзонг дохтыртӕ, мехицинон хотӕ, арӕх зноны студенттӕ, кӕцытӕ абон цӕуынц "сырх зонӕмӕ", цӕмӕй фервӕзын кӕной адӕмы. Не ‘фсӕддон службӕгӕнджытӕ, Цӕгат Кавказы ӕхсӕнадӕмон терроризмы ныхмӕ тохы рӕстӕджы, Сирийы фӕмардуӕвджытӕ – бынтон ӕвзонг фӕсивӕд. Уыдонӕн сӕ фылдӕрыл цыд 19-20 азы. Фӕллӕ сӕ алкӕцы дӕр равдыста, кӕй  сты сӕ хъӕбатыр фыдӕлты аккаг.

Уымӕ гӕсгӕ, мӕн фидарӕй уырны, Уӕрӕсейы адӕмты характеры кӕй ис сӕ хӕст ӕххӕст кӕнын, хиуыл нӕ аууӕрдын, кӕд ӕмӕ уавӕр афтӕ домы, уӕд. Патриотизм, райгуырӕн хӕдзармӕ, фыдыбӕстӕмӕ, бинонтӕм – ацы миниуджытӕ абон дӕр сты фундаменталон уӕрӕсейаг ӕхсӕнадӕн.

Ныр махӕн фӕзынд ног традицитӕ, кӕцытӕ райгуырдысты адӕмы хъӕппӕрисӕй, ахӕмтӕ, куыд "Ӕнӕмлгӕ полк". Уый у нӕ бызныджы марш, нӕ фӕлтӕрты хсӕн фидар бастдзинады ӕвдисӕн. Милуангай адӕймӕгтӕ рахизынц ацы акцимӕ сӕ фыдӕлты къамтимӕ. Уый нысан кӕны, ӕмӕ сӕ фыдӕбӕттӕ рох кӕй никуы уыдзысты.

Нӕ бӕрндзинад ивгъуыд дуг ӕмӕ фидӕны раз – саразын алцыдӕр, цӕмӕй уыцы тугамӕхст трагеди макуыуал сфӕлхатт уа. Уымӕ гӕсгӕ ӕз банымадтон мӕ хӕсыл ралӕууын Дыккаг дунейон ӕмӕ Стыр Фыдӕбӕстон хӕстыты тыххӕй уацимӕ. Ацы фӕндыл бирӕ хатт уынаффӕ кодтон дунейон лидертимӕ ӕмӕ мӕ уыдон дӕр баразӕнгард кодтой. Ивгъуыд азы кӕрӕтты, ХБЦ бӕстӕты къухдариуӕггӕнджыты саммиты махӕн иууылдӕр уыд иу хъуыды: хъӕуы нӕ фӕдонтӕн ныууадзын информаци, нацизмыл кӕй фӕуӕлахиз фыццаджыдӕр советон адӕм, уыцы тухамӕхст хӕсты фронты дӕр ӕмӕ фӕсчъылдымы дӕр кӕрӕдзи фарсмӕ кӕй лӕууыдысты Советон Цӕдисы алкӕцы республикӕйы минӕвӕрттӕ дӕр. Уӕд ма дзырдтон коллегӕтимӕ вазыгджыг хӕстагъоммӕ периоды тыххӕй.

Уыцы ныхасӕн уыд стыр резонанс Европӕ ӕмӕ дунейы. Уый та нысан кӕны, ацӕугӕ цауты уроктӕ нырма дӕр сты ахадгӕ ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг. Фӕлӕ дзы уыд ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ хынджылӕг кодтой историйӕ, аххосджын нӕ кодтой. Къорд политикы та радзырдтой, Уӕрӕсе кӕй хъавы аивын истори. Фӕлӕ сӕ бон иу ӕвдисӕн дӕр нӕ бацис ӕрхӕссын – зын у факттӕ ӕмӕ ӕцӕг документтимӕ тох кӕнын.

Уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у саразын анализ, дыккаг дунейон хӕстмӕ цы аххосӕгтӕ ӕркодтой, уыдонӕн. Ам ахсджиаг у ӕрмӕстдӕр архивон ӕрмӕджытӕй пайда кӕнын.

Ноджы ма иу хатт зӕрдыл лӕууын кӕнын: Дыккаг дунейон хӕст кӕй райдыдта, уымӕн йӕ сӕйрагдӕр аххосӕгтӕ уыдысты, Фыццаг дунейон хӕсты фӕстиуджытӕн цы ӕнӕраст скъуыддзӕгтӕ рахастой, уыдон..

Растдӕр националон дӕлдзиныгад лӕууыд Германийы радикалон ӕмӕ реваншистон хъуыдыты бындуры. Уыцы хъуыддагыл арӕхстджынӕй амадтой сӕ пропагандӕ, ныфс ӕвӕрдтой Германийы фервӕзын кӕнын "Версалы бынтӕй", сӕндидзын кӕнын йӕ раздӕры тых ӕмӕ разӕнгард кодтой немыцаг адӕмы ног хӕстмӕ. Уырдӕм ма сӕ хайбавӕрд бахастой ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ дӕр, фыццаджыдӕр Стыр Британи ӕмӕ Америкӕ.Уыдон кодтой финансон ӕмӕ сӕудӕджерадон ӕххуыс немыцаг фабрикӕтӕ ӕмӕ заводтӕн, кӕцытӕ уагътой хӕстон продукци.

Цыппар минмӕ ӕввахс волонтеры ӕппӕт Уӕрӕсейӕ кусынц Ӕнӕмӕлгӕ полк онлайн-мӕ куырдиӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппар минмӕ ӕввахс волонтеры ӕппӕт Уӕрӕсейӕ кусынц "Ӕнӕмӕлгӕ полк онлайн"-мӕ куырдиӕттыл

Версалы "дунескӕнынад" расайдта тынг бирӕ ныхмӕлӕуд хъуыдытӕ ӕмӕ конфликттӕ. Сӕ бындуры – территориалон быцӕутӕ ӕмӕ дыууӕрдӕм претензитӕ.

Фыццаг дунейон хӕсты ахсджиагдӕр фӕстиуджытӕй иу сси Нациты лигӕйы арӕзтад. Ацы ӕхсӕнадӕмон организацийӕ ӕвӕрдтой тынг стыр ныфс дӕрвӕтин рӕстӕджытӕм сабырад бахъахъхъӕныны тыххӕй. Уый уыд прогрессивон фӕнд, ӕмӕ йӕ реализаци нал ӕруагътаид уыцы глобалон хӕсты фыдӕбӕтты фӕлхатт.

Фӕлӕ Нациты лигӕ, кӕцыйы уӕлдзиныгад кодтой бӕстӕтӕ-уӕлахиздзаутӕ Стыр Британи ӕмӕ Франци, равдыстой лӕмӕгъ фӕстиуджытӕ ӕмӕ афтид ныхӕстӕ. Фӕ фехъуыстонй Советон Цӕдисы сидтытӕ коллективон ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны сӕраппонд.

Нациты лигӕйы бон нӕ бацис ма ӕрцадзын конфликттӕ дунейы алыгъуызон бӕстӕтфы – Италийы, Эфиопийы, Испанийы, Япони ӕмӕ Китайы, Австрийы. Мюнхены ныхмӕлӕуды та, цы ран Гитлер ӕмӕ Муссолинийӕ дарддӕр хайад истой Британийы ӕмӕ Францийы лидертӕ, наддих кодтой Чехословакийы. Банысан ма кӕндзӕн уый дӕр, ӕмӕ Сталин хайад кӕй нӕ иста ацы ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддӕгт ӕмӕ нӕ фембӕлд Гитлеримӕ дӕр.

Чехословакийы ныддих кӕныны хъуыддагмӕ ма йӕ хайбавӕрд бахаста Польшӕ дӕр. Уыдон развӕлгъау скъуыддзаг кодтой, кӕй фӕуыдзысты Польшӕйы зӕххытӕ. Польшӕ тынг хорз ӕмбӕрста, ӕнӕ Гитлеры ӕххуысӕй сӕ хъуыддӕгтӕй бирӕ кӕй ницы рауадаид.

Чехостовакийы адих кӕнын уыд тынг ӕгъатыр хъуыддаг. Мюнхен фенын кодта, дыууӕварсон бадзырдтӕн бынтондӕр кӕй ницы аргъ ис. Растдӕр уый фӕстӕ рабӕрӕг ис, стыр хӕст Европӕйы кӕй уыдзӕн ӕнӕмӕнгӕй.

Абон европӕйаг политикты, уӕлдайдӕр та польшӕйаг раздзогты фӕнды "ныссус кӕнын" Мюнхен. Цӕмӕн? Ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр нӕ, ӕмӕ сӕ бӕстӕтӕ уӕд кӕй ныууӕй кодтой сӕ хӕстӕ ӕмӕ балӕууыдысты Мюнхены бадзырды фарс, бирӕтӕ та дзы адих кодтой ӕфтиӕгтӕ дӕр, фӕлӕ ма уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ сӕм ныр худинаг кӕсы, уӕды рӕстӕджы ӕрмӕстдӕр Советон Цӕдис кӕй балӕууыд Чехословакийы фарсмӕ.

Советон Цӕдис тырныдта ма руадзын Чехословакийы трагеди. Польшӕ та, ӕрмӕст йӕхи интересты пайдайӕн арӕзта алцыдӕр, цӕмӕй Европӕйы коллективон ӕдасдзинады системӕ арӕзт ма ӕрцыдаид.

Британи дӕр ӕмӕ Франци дӕр, кӕцытӕ уӕды онг уыдысты чехтӕ ӕмӕ словакты  сӕйраг ӕмцӕдисонтӕ, ферох кодтой сӕ гарантитӕ ӕмӕ иунӕгӕй фӕуагътой бӕстӕйы.

Сӕ иумӕйаг нысан уыд расайын ныхмӕлӕуд Советон Цӕдис ӕмӕ Германийы хсӕн. Растдӕр уый мидӕг уыд ныгуылӕн политикӕ.

Мюнхенаг бадзырд равдыста Советон Цӕдисӕн, ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ кӕй скъуыддзаг кӕндзысты ӕдасдзинады фарстытӕ ӕнӕ йӕ интерестӕ хъахъхъӕнгӕйӕ, ӕмӕ бахъуыды рӕстӕджы та кӕй сараздзысты советон адӕмы тыхмӕ фронт.

Уыимӕ иумӕ Советон Цӕдис алы амӕлттӕй дӕр архайдта ма ӕруыдзын "антигитлерон коалици".

Сӕвзӕргӕ уавӕры Советон Цӕдис бафыста Бадзырд Германы ныхмӕ тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл. Уыимӕ ӕмбӕрста, кӕй фембӕлдзӕн дыууӕ фронтыл дыууӕ знагимӕ – Германиимӕ ныгуылӕны ӕмӕ Япониимӕ скӕсӕны.

Чукоткӕйы ахуырдзаутӕ рацӕудзысты Ӕнӕмӕлгӕ полк –ы ирон хъайтарты хуызисттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чукоткӕйы ахуырдзаутӕ рацӕудзысты "Ӕнӕмӕлгӕ полк "–ы ирон хъайтарты хуызисттимӕ

Сталин ӕмӕ йӕ алыварс хицауадмӕ бирӕ фаутӕ ӕрхӕссӕн ис. Нӕ зӕрдыл лӕууынц йӕ адӕмы ныхмӕ режимы фыдракӕндтӕ дӕр, массон репресситы азар дӕр. Советон къухдариуӕггӕнджытӕм бирӕ аипдзинӕдтӕ уыд, фӕлӕ тынг хорз ӕмбӕрстой ӕддагон знаджы тас. Уыдон уыдтой, Советон Цӕдисы кӕй хъавынц ныууадзын иунӕгӕй Германи ӕмӕ йе ‘мцӕдисонтимӕ ӕмӕ архайдтой рамбулын рӕстӕг, цӕмӕй сфидар кӕной бӕстӕйы хъахъхъӕнынад.

Тыхӕй ма спайда кӕныны фӕдыл уӕды бадзырды тыххӕй ныр дӕр бирӕ претензитӕ ис фехъусӕн нырыккон Уӕрӕсейы адресыл. Ойы, Уӕрӕсе у Советон Цӕдисы фӕдон, ӕмӕ советон период йӕ триумфтӕ ӕмӕ трагедитимӕ у нӕ мингайазон историйы ӕнӕфӕцудгӕ хай. Зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕндзынӕн, Советон Цӕдис кӕй радта моралон ӕмӕ барадон аргъ афтӕ хуыйнӕг Молотова–Риббентропы Пактӕн. 1989 азы 24 декабры Уӕлдӕр Советы барамынды официалонӕй рацыдысты "акт личной власти"-йы ныхмӕ, цы ран бынтондӕр нӕ бахынцыдтой советон адӕмы фӕндон.

Уыимӕ иумӕ иннӕ паддзахӕдтӕархайынц ферох кӕнын бадзырдтӕ, цы ран лӕууынц нацисттӕ ӕмӕ ныгуылӕйнаг политикты къухфысттӕ. Уыцы ӕмгуыстадӕн политикон ӕмӕ юридикон аргъ скӕныныл дзырд дӕр нал цӕуы – уыдонӕй бирӕтӕ разӕнгард кодтой нацистты ӕргом ныхмӕлӕудмӕ. Зӕгъӕм, Польшӕйы минӕвар Германийы Ю. Липский ныфс ӕвӕрдта Гитлерӕн, дзуттаг фарст аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй йын поляктӕ кӕй сӕвӕрдзысты диссаджы цырт.

Ӕмӕ ноджы бирӕ документтӕ, бадзырдтӕ ӕмӕ цӕдистӕ нацисттимӕ та ныры онг дӕр сты сусӕггаг дунейон ӕхсӕнадӕн.

Мах сидӕм алкӕцы бӕстӕмӕ дӕр, цӕмӕй бакӕной сӕ архивтӕ ӕмӕ ныммыхуыр кӕной раздӕр сусӕггаг цы протоколтӕ ӕмӕ документтӕ уыдысты, уыдон – афтӕ аразы Уӕрӕсе дӕр фӕстаг ӕзты.

Фӕлӕ раздӕхӕм цаутӕм, кӕцытӕ ӕркодтой Дыккаг дунейон хӕстмӕ. Худӕгау уыдаид афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ Гитлер Чехословакийы куы ныддӕрӕн кӕна, уӕд никӕмӕуал бавдисдзӕн территориалон претензитӕ. Ныр та йӕ раздӕры цӕдисон Польшӕмӕ.ам дӕр аххосагӕн ӕрхастой Версалы бынтӕ – афтӕ хуыйнӕг Данцигскийы коридор. Уый йӕ фӕстӕ цы польшӕйаг трагеди расайдта, уый ииуылдӕр ис уӕды польшӕйаг къухдариуӕгады цӕсгомыл, кӕцы нӕ уагъта саразын англо‑франко‑советон ӕфсӕддон цӕдис ӕмӕ ныфс ӕвӕрдта ныгуылӕн партнертӕй. Ӕмӕ бакодта йӕ адӕмы Гитлеры дӕрӕнгӕнӕн башинӕйы бынмӕ.

Польшӕйы ӕфсады удуӕлдай, хъӕбатыр ныхмӕлӕудмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, 1939 азы 8 сентябры райдыдта хӕст, немыцаг ӕфсад ӕнгом бацыдысты Варшавӕмӕ. Польшӕйы ӕфсӕддон-политикон къухдариуӕг та тӕппудӕй 17 сентябры алыгъдысты Румынимӕ, ӕмӕ ныууӕй кодтой сӕ адӕмы, кӕцы дарддӕр тох кодта знаджы ныхмӕ.

Хуссар Иры ветерантӕн раарфӕ кодтой Владимир Путины номӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ветерантӕн раарфӕ кодтой Владимир Путины номӕй

Скӕсӕйнаг ӕмцӕдисонтӕ нӕ бафидар кодтой польшӕйагты ныфсытӕ. Германӕн хӕст куы расидтысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ Францы ӕфсад бахызтысты ӕрмӕст цалдӕр километры мидӕгдӕр Германы территоримӕ. Ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ уый зынд афтӕ, куыд активон архайды демонстраци. Уымӕй уӕлдай ма, англисаг-францаг Уӕлдӕр совет, кӕцы фыццаг хатт ӕрӕмбырд ис 12 сентябры 1939 азы францаг Абвилы, райста уынаффӕмӕ архайдтытӕ ӕруромын Польшӕйы цаутӕ тагъд кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Райдыдта  афтӕ хуынгӕ "Ӕнахуыр хӕст". Уый ӕвдыста, Англи ӕмӕ Франц Польшӕйы  раз хӕстыл сӕ къух кӕй систой.

Фӕстӕдӕр, Нюрнбергы процессы рӕстӕджы, немыцаг инӕлартӕ се 'нтыст  скӕсӕны ӕмбарын кодтой афтӕ, Германы гарзджын тыхты разамонӕг А. Йодль басаст: "... Мах 1939 азы дӕр нӕ басастой, уый та уыд уый тыххӕй ӕмӕ 110  англисаг дивизийы бӕрц, кӕцытӕ уыдысты  Польшӕимӕ хӕсты  рӕстӕджы, лӕууыдысты Ныгуылӕйнаг Германы 23 дивизийы ныхмӕ, уыдысты бынтон ӕнӕархайд".

Ӕз бахатыдтӕн сисын кӕнын архивтӕй ӕппӕт гӕххӕтытӕ, кӕцытӕ хаудысты Советон Цӕдис ӕмӕ Германы контракттӕм 1939 ӕзты августы ӕмӕ сентябры уӕззау бонтӕм. Уыдонӕй бӕрӕг у, Советон Цӕдисы  ӕмӕ Германы хсӕн нӕбабырсты фӕдыл бадзырды сусӕг протоколы дыккаг пункт, кӕцы фидар ӕрцыд 23 августы 1939 азы фидар кодта,  Польшӕйы территорион-политикон рацарӕты рӕстӕджы, дыууӕ паддзахады интересты сфера хъуамӕ цӕуа цӕугӕдӕттӕ Нарева, Вислы и Сана. Ӕндӕр ныхӕстӕй, советон хицауады ӕндӕвдады бынмӕ хауд ӕрмӕст украинаг ӕмӕ белоруссаг цӕрӕгад нӕ фӕлӕ ма польшӕйаг зӕххытӕ дӕр, кӕцытӕ уыдысты цӕугӕдӕттӕ Ьуга ӕмӕ Вислайы хсӕн. Уыцы факты тыххӕй бирӕтӕ нӕ зонынц.

Уыимӕ иумӕ ма ӕнӕзонгӕ у бирӕтӕн Польшӕмӕ бабырсты фӕстӕ сентябры фыццаг бонты 1939 азы Берлин цалдӕр хатт домдта Мӕскуыйы хӕстон архайдтытӕм бамбал уӕвын. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Мӕскуы ацы сидтӕм йӕ хус нӕ дардта ӕмӕ йӕхи хизта гӕнӕн уӕвгӕйӕ ма бацӕуын хъуыддаджы.

Ӕрмӕст ӕргомӕй куы разынд, Стыр Британи ӕмӕ Франц нӕ хъавынц сӕ ӕмцӕдисонтӕн ӕххуыс кӕнын, вермахт та ӕнцонӕй бацахсдзӕн ӕппӕт Польшӕйы ӕмӕ ӕввахс бацӕудзысты Минскмӕ, уӕд аскъуыддзаг кодтой 17 сентябры Сырх Ӕфсад ныры Белорусси, Украина ӕмӕ Литвайы зӕххытӕм бырсын.

Бӕрӕг у ӕндӕр бон сӕ нӕ уыд. Науӕд СЦ уый уыд тӕссаг,  уымӕн ӕмӕ советон цӕдисы арӕн цыд Минскмӕ тынг ӕввахс ӕмӕ хӕст сцайдагъ уыдаид тынг мӕгуырау  позицитӕй.  Милуангай адӕмтӕ, сӕ нымӕцы дзуттӕгтӕ, кӕцытӕ  цардысты  Брест, Гродно, Львовмӕ хӕстӕг.

Советон Цӕдисы ӕппӕт амӕлттӕй архайдта хъаугъайы ма бахизынмӕ ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд Германы фарс тох кӕнын,  ӕркодта уымӕ  советон ӕмӕ немыцаг ӕфсӕдтӕ фембӕлдысты сусӕг бадзырдӕй банысангонд бынатӕй  зынгӕ скӕсӕнырдӕм.

Цы уыд уый кой ӕнӕхъуаджы  у, фӕлӕ уӕддӕр зӕгъдзынӕн  советон хицауадӕн фадат уыд 1939 азы сентябры бӕстӕйы арӕнтӕ ныгуылӕн фарс рауӕрӕх кӕнын, суанг Варшавӕмӕ.

Акци Горсть памяти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары ингӕнӕй мӕр: Хуссар Иры Ленингоры районы ацыд акци "Горсть памяти"

28 сентябры 1939 азы Мӕскуыйы И. Риббентроп ӕмӕ В. Молотов бафыстой бадзырд Советон цӕдисы ӕмӕ Германы хсӕн арӕны фӕдыл, стӕй ма сусӕг бадзырд паддзахадон арӕн фӕивыны тыххӕй, цы ран хъуамӕ лӕууыдаид дыууӕ ӕфсад.

Фӕззӕджы 1939 азы советон цӕдис райдыдта Латви, Литва ӕмӕ Эстонийы инкорпораци. Уыдон бацыдысты советон хицауады скондмӕ бадзырдон бындурыл. Уый уыд ӕхсӕнадон ӕмӕ паддзахадон барадон номыртӕм гӕсгӕ. Уымӕй дарддӕр 1939 азы Литвамӕ раздӕхтой горӕт Вильно ӕмӕ йӕ алыварс зӕххытӕ, кӕцытӕ раздӕр уыдысты Польшӕйы. Балтигӕрон республикӕтӕ Советон цӕдисы сконды бахъахъхъӕдтой се 'взаг, уыд сын минӕвӕрадтӕ Уӕлдӕр паддзахадон структурӕтӕты.

Ацы мӕйты нӕ нымӕг кодта дипломатон ӕмӕ ӕфсӕддон-политикон тох . Мӕскуыйы ӕмбӕрстой сӕ ныхмӕ кӕй лӕууы ӕгъатыр знаг ӕмӕ нацизмимӕ тох райдыдта. Уӕды дуджы официалон документаци нӕй нымайӕн куыд  Советон цӕдисы ӕмӕ Германы хсӕн хӕларады ӕвдисӕндар. Уыимӕ иумӕ Гитлер ӕппӕт ӕууӕлтӕй архайдта Советон цӕдис бакӕнын стыр Британиимӕ хӕстмӕ, фӕлӕ Советон хицауад не сразы.

Фӕстаг хатт Гитлер Советон хицауады хӕсты бакӕнын бафӕлвӕрдта, Молотов Берлинмӕ куы ныццыд 1940 азы ноябры, уӕд. Фӕлӕ Молотов ӕппӕт дӕр сарӕзта Сталины ныхасмӕ гӕсгӕ. 17 ноябыры Молотов Лондоны уӕвӕг советон ӕххӕстбарджын И. Майскийӕн афтӕ амыдта: "Уӕ дарддӕры куыстӕн Берлины ницы бадзырд ӕрцыд фидар ӕмӕ нӕдӕр хъавыдыстӕм. Берлины хъуыддаг нӕ ахызт нӕ цӕстӕнгас равдисынӕй дарддӕр. Немцӕгтӕ ӕмӕ япойнӕгты фӕндыд мах сразӕнгард кӕнын Инди ӕмӕ Персиаг донкъубалы рдӕм. Мах ацы фарстыл уынаффӕ аиуварс кодтам, уымӕн ӕмӕ йӕ  ахӕм уынаффӕтӕ Германы рдыгӕй нӕ исӕм".

25 ноябыры Советон разамынад ацыд дарддӕр ӕмӕ сын ӕрӕвӕрдта сӕ бон сӕххӕст кӕнын кӕмӕн нӕ уыд ахӕм уавӕртӕ, уымӕй Советон хицауад йӕхи сӕрибар кодта Пакты  бамбал уӕвыны фадӕттӕй. Ацы позици фюрер биноныгӕй ныффидар кодта йӕ хъуыдыйы, цӕмӕй расида Советон цӕдисӕн хӕст. Декабры уый сфидар кодта, йӕ стратегты фӕдзӕхсттӕи ӕнӕкӕсгӕйӕ, план "Барбароса". Уый ӕмбӕрста, Советон Цӕдис кӕй у сӕйраг тых, кӕцы йӕ ныхмӕ лӕудзӕн Европӕй ӕмӕ скӕсӕны тох аскъуыддзаг кӕндзӕн дунеон хӕсты хатдзӕг. Мӕскуыйы басӕттын ӕнцон кӕй уыдзӕн, уым та уый нӕ дызӕрдыг кодта.

Фӕнды мӕ, сӕйраджыдӕр, банысан кӕнын: ныгуылӕны бӕстӕтӕ уӕд сразы сты советон архӕйдтытимӕ, банымадтой Советон Цӕдисы тырнындзинад сӕххӕст кӕнын сӕ ӕдасдзинад. 1939 азы 1 октябры бритайнаг Адмиралады уӕды сӕргълӕууӕг Уинстон Черчиль радиойы радзырдта: "Уӕрӕсе уадзы йӕхи интересты политикӕ…Уӕрӕсейы нацистон тасӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй уырыссаг ӕфсӕдтӕ лӕууой ацы хаххыл (ног ныгуылӕны арӕн)". 1939 азы 4 октябры Велокобританийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Лордты палатӕйы Э.Галифакс фехъусын кодта: "…Хъӕуы банысан кӕнын, советон хицауады архӕйдтытӕм гӕсгӕ, арӕн ахастой уыцы хаххы онг, кӕцы рекомендаци кодта лорд Керзон Версалы конференцийы рсӕтӕджы… Ӕз ӕрмӕстдӕр хӕссын историон факттӕ ӕмӕ сыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы". Зындгонд бритайнаг политикон ӕмӕ паддзахадон архайӕг Д.Ллойд-Джордж нысан кодта: "Уырыссаг ӕфсӕдтӕ бацахстой территоритӕ, кӕцытӕ не сты Польшайы ӕмӕ кӕцытӕ Польша тыхӕй бацахста Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ…Уӕрӕсейы архӕйдтытӕ немыцаг къухдариуӕгады архайдимӕ иу рӕнхъыл ӕвӕрын у фыдракӕнд".

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты дыууӕ ветераны райстой хорзӕхтӕ уӕрӕсейаг минӕварӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дыууӕ ветераны райстой хорзӕхтӕ уӕрӕсейаг минӕварӕй

Советон ӕххӕстбарджын минӕвар И.Майскиимӕ ӕнӕформалон ӕрныхасы рӕстӕджы политиктӕ ӕмӕ дипломаттӕ дзырдтой ӕргомӕйдӕр. Великобританийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Р.Батлер 1939 азы 17 октябры бахахх кодта: "…бритайнаг хицауадон зылдты нымайынц, Польшайӕн Ныгуылӕны Украина ӕмӕ Белорусси раттыны фарстыл ныхас дӕр кӕй нӕй. Кӕд ӕмӕ ис гӕнӕн саразын этнографион Польша, кӕцыйӕн гарантитӕ дӕтдзысты ӕрмӕст ССРЦ ӕмӕ Германи нӕ, фӕлӕ ма Англи ӕмӕ Франци, уӕд бритайнаг хицауад уыдзӕн райгонд". 1939 азы 27 октябры Н.Чемберлены сӕйраг уынаффӕгӕнӕг Н.Вильсон загъта: "Польша хъуамӕ…арӕзт ӕрцӕуа куыд хӕдбар паддзахад йӕ этнографион бындурыл, фӕлӕ ӕнӕ Ныгуылӕны Украина ӕмӕ Белоруссийӕ".

Хъӕуы банысан кӕнын, ацы баныхасты рӕстӕджы цӕттӕ кодтой бындур, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной советон-бритайнаг ахастытӕ. Ацы контакттӕ фылдӕр бӕрцӕй ӕрӕвӕрдтой бындур Гитлеры ныхмӕ коалици саразынӕн дӕр. Бӕрнон политикты хсӕн хицӕн кодта У.Черчиль, кӕцы, ССРЦ-мӕ антипатимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, раздӕр дӕр дзырдта семӕ ӕмгуыстады тыххӕй. 1939 азы майы Иумӕйаг Палатӕйы уый фехъусын кодта: "Мах уыдзыстӕм стыр тасы, кӕд ӕмӕ нын нӕ бантыса саразын цӕдис агрессийы ныхмӕ. Стыр рӕдыд уаид, куы нӕ сразы уӕм ӕмгуыстадыл Советон Уӕрӕсеимӕ". Европӕйы хӕстон архӕйдтыты райдайыны фӕстӕ – И. Майскиимӕ фембӕлдыл 1939 азы 6 котябры – уый загъта: "…Великобритани ӕмӕ ССРЦ хсӕн нӕй вазыгджын ныхмӕдзырдтӕ, ӕмӕ нын уый фӕдыл хъуамӕ ма уа ӕндыгъд ахастытӕ. Бритайнаг хицауады…фӕнды райтынг кӕнын…базарадон ахастытӕ. Афтӕ ма уый цӕттӕ у ӕрныхас кӕнын ӕндӕр мадзӕлттыл, кӕцытӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты ӕмархайд".

Дыккаг дунеон хӕст ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ райдыдта. Германийы агресси Польшайы ныхмӕ дӕр нӕ уыд ӕнӕнхъӕлӕджы. Уый у уӕды периоды дунеон политикӕйы бирӕ тенденцитӕ ӕмӕ факторты фӕстиуӕг. Фӕлӕ, адӕмы историйы иууыл стырдӕр трагедийы сӕйраг аххосаг у паддзахадон эгоизм, тӕппуддзинад, политикон элитӕты нӕцӕттӕдзинад компромисс агурынмӕ.

Уый фӕдыл раст нӕу нысан кӕнын, нацистон фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Риббентропы дыууӕбонон балц Мӕскуымӕ кӕй у Дыккаг дунеон хӕсты сӕйраг аххосаг. Раздзог бӕстӕтӕ иууылдӕр хӕссынц бӕрн ацы хӕст райдайыны тыххӕй. Алкӕцы бӕстӕ дӕр арӕзта рӕдыдтытӕ, уырныдта сӕ, кӕй ис гӕнӕн фӕсайын иннӕты ӕмӕ хи аиуварс кӕнын дунеон хӕстӕй. Ӕмӕ ахӕм рӕдытытӕ, коллективон ӕдасдзинад кӕй нӕ сарӕзтой, уый милуангай адӕм фӕмард сты.

Ӕз уый тыххӕй нӕ фыссын, цӕмӕй мӕхи сӕвӕрон тӕрхонгӕнӕджы бынаты, кӕнӕ та искӕй фӕзылынджын кӕнын кӕнӕ сраст кӕнын, ӕви уымӕй ӕвзӕрдӕр, расидын ног ӕхсӕнадӕмон информацион конфликт историон быдырыл, кӕцы ныхмӕ скӕндзӕн паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмы. Ӕз нымайын, ивгъуыд цаутӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕна академион зонад, цы ран хайад исдзысты авторитетон ахуыргондтӕ алыгъуызон бӕстӕтӕй. Мах алкӕйдӕр хъӕуы рӕстдзинад. Мӕхирдыгӕй ӕз алыхатт дӕр сидын коллегӕтӕм гом ӕмӕ ӕууӕнкджын диалогмӕ, цӕмӕй сын объективон бакаст уа иумӕйаг ивгъуыд заманмӕ. Ахӕм къахдзӕфтӕ фадат ратдзысты ногӕй ма саразын рӕдыдтытӕ ӕмӕ сӕххӕст кӕнын сабыр райрӕзт бирӕ ӕзтӕм.

Фӕлӕ нӕ партнертӕй бирӕтӕй нырма цӕттӕ не сты иумӕйаг куыстмӕ. Сӕхи нысӕнттӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, уыдон фылдӕр кӕнынц нӕ бӕстӕйы ныхмӕ информацион бабырстты нымӕц, фӕндӕ сӕ сӕхи сраст кӕнын, афтӕ ма уыдон исынц цӕстмӕхъус политикон декларацитӕ. 2019 азы 19 сентябры Европейаг парламент хорзыл банымадта деклараци «Историон мысӕн бавӕрыны ахсджиагдзинады тыххӕй Европӕйы фидӕнӕн». Уыцы резоюци аххосджын кӕны ССРЦ Германиимӕ иумӕ Дыккаг Дунеон хӕст расидыны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уым иу ран дӕр дзырд нӕ цӕуы Мюнхены тыххӕй.

Ӕз нымайын, ахӕм "гӕххӕтытӕ", мӕ бон нӕу схонын ацы резолюци документ, хӕссынц тӕссаг ӕцӕг ӕртхъирӕнтӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕ райста ахсджиаг орган. Ӕмӕ цы равдыста уый? Фӕсхӕстон дунейы арӕзтад ныппырх кӕнынмӕ тырнындзинад, кӕцы бирӕ ӕзты дӕргъы арӕзтой бӕстӕтӕ, кӕцытӕй бирӕтӕ схъӕлӕс кодтой ацы деклараци райсыныл. Афтӕмӕй уыдон сӕ къух систой Нюрнбергы трибуналы скъуыддзӕгтӕм, дунеон ӕхсӕнады тырнындзинадмӕ, кӕцы арӕзта 1945 азы фӕстӕ универсалон ӕхсӕнадӕмон институттӕ. Фӕнды мӕ уӕ зӕрдыл ӕрдарын, европейаг интеграцийы процесс, кӕцыйы рӕстӕджы сарӕзтой ӕмбӕлон структурӕтӕ, сӕ нымӕцы Европейаг парламент дӕр, ӕххӕст цыд урокты руаджы, кӕцытӕ систой ивгъуыд заманӕй, афтӕ ма йӕ дырыс барадон ӕмӕ политикон нысӕнтты руаджы. Ӕмӕ уыцы консенсусы чи дызӕрдыг кӕны, уыдон халынц фӕсхӕстон Европӕйы бындуртӕ.

Дунейы арӕзтады фундаменталон принциптӕ фехалыны тасӕй дарддӕр ис моралон, фӕткон фарс дӕр. Мысӕныл хынджылӕг кӕнын у цъаммардзинад. Цъаммардзинад вӕййы барӕй, цӕстмӕхъус, Дыккаг дунеон хӕсты 75-азы юбилейы фӕдыл куы ранымайынц Гитлеры ныхмӕ коалицийы алкӕцы хайадисӕджы дӕр, Советон Цӕдисӕй дарддӕр. Цъаммардзинад вӕййы тӕппуд, куы ныппырх кӕнынц цыртдзӕвӕнтӕ, кӕцытӕ сӕвӕрдтой нацизмы ныхмӕ тохгӕнджыты цытӕн, сӕ архӕйдтытӕ куы раст кӕнынц оккупацийы ныхӕм лозунгтӕй. Цъаммардзинад вӕййы тугджын, неонацисттӕ ӕмӕ бандеровецты фӕдонты ныхмӕ дзурджыты куы марынц кӕнӕ та судзынц. Иу хатт ма зӕгъдзӕн, цъаммардзинад кӕй ӕвдисы йӕхи алыгъуызонӕй.

Наталья Дриаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъындатӕ ӕмӕ хӕлцад: куыд ӕххуыс кодта фронтӕн Дриаты Наталья

Историйы уроктӕ куы рох кӕнай, уӕд уый ӕркӕны уӕззау фӕстиуджытӕм. Мах фидарӕй хъахъхъӕндзыстӕм рӕстдзинад, кӕцы быцӕу кӕны историон факттыл, мах дарддӕр цӕсгомджынӕй дзурдзыстӕм Дыккаг дунеон хӕсты цауты тыххӕй. Ахӕм нысан ис масштабон проектӕн, кӕцымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы сараздзысты архивон документты егъаудӕр коллекци, афтӕ ма кино ӕмӕ фото ӕрмӕджытӕ Дыккаг дунеон хӕсты историйы фӕдыл.

Ахӕм куыст ныридӕг ӕххӕст цӕуы. Бирӕ ӕрмӕджытӕй, кӕцытӕ ногӕй ссардтой, ӕз пайда кодтой ацы статья ныффыссыны рӕстӕджы. Уый фӕдыл мӕ бон у зӕгъын, кӕй нӕй архивон документтӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ ис гӕн сфидар кӕнын верси, ома ССРЦ фӕнд кодта фыццаг райдайын хӕст Германийы ныхмӕ. Советон ӕфсӕддон къухдариуӕгадӕн уыд доктринӕ, агрсессийы рӕстӕджы СЫрх Ӕфсад ныхмӕ кӕй фӕлӕудзӕн, ацӕудзӕн размӕ бырсты ӕмӕ уадздзӕн хӕстон архӕйдтытӕ ныхмӕлӕууӕджы территорийыл. Фӕлӕ уыцы стратегион нывӕзтытӕм гӕсгӕ нӕй гӕнӕн зӕгъын, Советон Цӕдисы кӕй фӕндыд хӕст райдайын Германиимӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абоны бон историктӕм ис ӕфсӕддон документтӕ, советон ӕмӕ немыцаг штабты директивӕтӕ. Уымӕй дарддӕр, мах зонӕм куыд цыдысты цауты. Ацы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ, бирӕ дзурынц бӕстӕйы ӕфсӕддон-политикон къухдариуӕгады архӕйдтытӕ ӕмӕ рӕдыдтытӕ тыххӕй. Уый фӕдыл ӕз зӕгъдзӕн: алыгъуызон дезинформацийӕ дарддӕр советон лидертӕм цыд ӕрмӕджытӕ нацисттӕ агресси кӕй цӕттӕ кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ хӕсты размӕ мӕйты ист цыдысты къахдзӕфтӕ, кӕцытӕ здӕхт уыдысты бӕстӕйы хӕстон цӕттӕдзинад фӕфылдӕр кӕнынмӕ, сӕ нымӕцы ӕмбӕстӕгтӕм ӕфсадмӕ сусӕг ӕрсидт, дӕлхайӕдты раконд мидӕггагон ӕфсӕддон зылдтӕй скӕсӕны арӕнтӕм.

Хӕст нӕ уыд ӕнӕнхъӕлӕджы, уый тыххӕй зыдтой ӕмӕ йӕм цӕттӕ кодтой. Фӕлӕ нацистты бабырстӕн уыд ӕцӕг стыр хъомыс, кӕцы уый рахмӕ историйы никуы уыд. 1941 азы 22 июны Советон Цӕдис сӕмбӕлд дунейы иууыл тыхджындӕр ӕмӕ цӕттӕдӕр ӕфсадимӕ, кӕцыйыл куыста ӕппӕт Европӕйы сӕудӕджерадон, экономикон ӕмӕ ӕфсӕддон потенциал. Ацы бабырсты хайад райста ӕрмӕст вермахт ӕ, фӕлӕ ма Германийы сателиттӕ дӕр, европейаг континенты ӕндӕр паддзахӕдты ӕфсӕддон контингенттӕ.

1941 азы уӕззаудӕр ӕфсӕддон фембылдтӕ сӕвӕрдтой бӕстӕйы ӕвирхъау бӕллӕхы былыл. Хӕстон потенциал цалцӕг кӕнынӕн ӕрбаздахтой паддзахад ӕмӕ адӕмы ӕппӕт тыхтӕ. 1941 азы ныхмӕлӕууӕджы ӕхстыты бын райдыдта милуангай ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ сӕдӕгай заводты эвакуаци скӕсӕны рдӕм. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕсчъылдымы райдыдтой уадзын хӕцӕнгӕрзтӕ, кӕцытӕ ластой фронтмӕ фыццаг зымӕджы, 1943 азмӕ та Советон Цӕдисы бӕрӕггӕнтӕ фӕфылдӕр сты Германи ӕмӕ йӕ цӕдисонты ӕфсӕддон рауагъдады бӕрӕггӕнӕнтӕй. Иу азмӕ ӕмӕ ӕрдӕгмӕ советон адӕмӕн уыд ӕнӕрцӕугӕ ӕнтыстытӕ куыд фронты, афтӕ фӕсчъылдымы дӕр. Ныры онг дӕр адӕймагмӕ нӕ хъары, цы хъӕбатырдзинад, ӕхсардзинад ӕмӕ тыхтӕ уыд уыцы адӕммӕ.

Хъомысджын ӕмӕ иттӕг хорз гӕрзифтонг нацистон машинӕйы ныхмӕ слӕууыд советон ӕхсӕнады егъау тых, кӕцыйы ӕрбаиу кодта тырнындзинад бахъахъхъӕнын райгуырӕн зӕхх, туг сисын знагӕй, кӕцы ныппырх кодта сабыр цард ӕмӕ адӕмы нывӕзтытӕ ӕмӕ бӕллицтӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ӕвирхъау, тугкӕлӕн хӕсты рӕстӕджы бирӕ адӕм ныххаудтой тасы. Уыдис дзы гадрахатдзинад ӕмӕ дезертирдзинады цаутӕ дӕр. Сӕхи раргом кодтой хицӕндзинӕдтӕ, кӕцытӕ фӕзындысты революци ӕмӕ Граждайнаг хӕсты рӕстӕджы. Афтӕ ма дзы уыд нигилизм, уӕлӕнгай ахаст националон истори, традицитӕ ӕмӕ динмӕ, кӕцытӕ адӕмӕн фидар кодтой большевиктӕ, сӕйраджыдӕр, хицауадмӕ ӕрбацӕуыны фыццаг ӕзты. Фӕлӕ советон ӕмбӕстӕгты иумӕйаг тых уыд ӕндӕр – бахъахъхъӕнын, фервӕзын кӕнын Фыдыбӕстӕ. Адӕм агуырдтой быцӕу ӕцӕг патриотикон хӕзнаты.

Уӕлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий фехъусын кодта, кӕд рацӕудзӕн Хуссар Иры Ӕнӕмӕлгӕ полк

Нацистон "стратегты" уырныдта, егъау бирӕнацион паддзахад ӕнцонтӕй кӕй бацахсдзысты. Уыдон хъуыды кодтой, ӕнӕнхъӕлӕджы хӕст ӕмӕ йӕ зындзинӕдтӕ кӕй фӕзынын кӕндзысты нациты ӕхсӕн ӕндыгъд ахастытӕ, ӕмӕ бӕстӕйы бантыстдзӕн адих кӕнын хӕйттыл. Гитлер ӕргомӕй дзырдта: "Нӕ политикӕ адӕмты фӕдыл, кӕцытӕ цӕрынц Уӕрӕсейы, хъуамӕ хорзыл нымайа дихдзинады алкӕцы формӕ дӕр".

Фӕлӕ фыццаг бонтӕй рабӕрӕг ис, нацистты ацы нывӕзт кӕй нӕ сӕххӕст. Бресты фидар кӕронмӕ хъахъхъӕдтой ӕртын нацийӕ фылдӕры минӕвӕрттӕ. Ӕнӕхъӕн хӕсты рӕстӕджы мах уыдтам ахӕм иудзинады бирӕ цӕвиттонтӕ.

Кӕй сэвакуаци кодтой, уыдонӕн райгуырӕн хӕдзар ссисты Волгагӕрон ӕмӕ Урал, Сыбыр ӕмӕ Дард Скӕсӕн, Астӕуккаг Азийы республикӕтӕ ӕмӕ Фӕскавказ. Уыцы районты цӕрджытӕ сӕ фӕстаг кӕрдзын дӕр дих кодтой. Адӕмты хӕлардзинад, сӕ ӕмархайд ссис ныхмӕлӕууӕгӕн ӕцӕг ӕнӕбасӕтгӕ фидар.

Нацизм ныддӕрӕн кӕнынмӕ – цыфӕнды ма дзурой ныры рӕстӕджы – сӕйраг хайбавӕрд бахаста Советон Цӕдис, Сырх Ӕфсад. Хъайтартӕ, кӕцытӕ кӕронмӕ тох кодтой ӕрхъулайы Белосток ӕмӕ Могилев, Умань ӕмӕ Киев, Вязьма ӕмӕ Харьковы. Цыдысты размӕ бырсты Мӕскуы ӕмӕ Сталинграды, Севастополь ӕмӕ Одессӕйы, Курск ӕмӕ Смоленскы. Ссӕрибар кодтой Варшаву, Белград, Вена ӕмӕ Прага. Штурмӕй систой Кенингсберг ӕмӕ Берлин.

Мах хъахъхъӕнӕм бӕлвырд рӕстдзинад хӕсты тыххӕй. Уыцы адӕмон рӕстдзинад – карз, маст ӕмӕ ӕнӕхатыр – махӕн равдыстой нӕ фыссджытӕ ӕмӕ поэттӕ, кӕцытӕ ацыдысты хӕстон зындзинӕдтӕ. Мӕнӕн, ӕмӕ мӕ фӕлтӕры адӕмӕн, сӕ уацмыстӕ, романтӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ныууагътой ӕнустӕм фӕд нӕ уды, ссисты нын ныстуан – кад кӕнын ветерантӕн, кӕцытӕ алцыдӕр сарӕзтой Уӕлахизы тыххӕй.

Абон дӕр зӕрдӕ риссын кӕнынц Александр Твардовскийы ӕмвдзӕвгӕйы зындгонд ныхӕстӕ "Мӕн амардтой Ржевы бын…", кӕцы нывонд у Стыр Фыдыбӕстон хӕсты тугкӕлӕн, карз тохӕн советон-гермайнаг фронты централон хайыл. Горӕт Ржевыл тохты 1941 азы октябрӕй 1943 азы мартмӕ Сырх Ӕфсад фесӕфта, фӕцӕвуӕвджытӕ ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджытимӕ иумӕ, 1 милуан 342 мин 888 адӕймаджы. Уыдон сты архивты ӕрӕмбырдгонд трагикон цифрӕтӕ – уымӕй фыццаг хатт кад кӕнын ӕбӕрӕг ӕмӕ ӕнӕном хъайтарты сгуыхтдзинӕдты тыххӕй, кӕцытыл фӕсхӕстон ӕзты алыгъуызон аххосӕгты тыххӕй раст нӕ дзырдтой, кӕнӕ та бынтондӕр ницы дзырдтой.

Ӕрхӕсдзӕн ноджы иу документ. Уый Германиимӕ репарациты фӕдыл Ӕхсӕнадӕмон къамисы доклад, кӕцы бацӕттӕ кодтой И.Майскийы къухдариуӕгады бын 1945 азы февралы. Къамисы хӕслӕвӕрдты хсӕн уыд сбӕрӕг кӕнын формулӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ Германи хъуамӕ баххӕст кодтаид зиан уӕлахиздзау паддзахӕдтӕн.  Къамисы рахаста ахӕм уынаффӕ: "Германи советон фронты цас солдат ӕмӕ бонтӕ бахардз кодта, уый 10 хатт фылдӕр у иннӕ фронттӕм абаргӕйӕ. Афтӕ ма Советон фронтыл тох кодтой гермайнаг танкт ӕмӕ хӕдтӕхджыты фылдӕр хай. Иумӕйагӕй Гитлеры ныхмӕ коалицийы хӕстон архӕйдтыты 75 проценты сӕххӕст кодта ССРЦ. Сырх Ӕфсад хӕсты рӕстӕджы ныддӕрӕн кодта ныхмӕлӕууӕджы 626 дивизийы, уыдонӕй 508 – гермайнӕгтӕ.

1942 азы 28 апрелы Рузвельт йӕ ралӕуды америкайаг нацимӕ фехъусын кодта: «Уырыссаг ӕфсӕдтӕ ныддӕрӕн кодтой ӕмӕ дарддӕр дӕрӕн кӕнынц иннӕ иугонд нацитӕй иумӕйагӕй фылдӕр ӕфсӕддонтӕ, хӕдтӕхджытӕ, танктӕ ӕмӕ сармадзантӕ». Черчиль Сталинмӕ ныстуаны 1944 азы 27 сентябры фыста, «растдӕр уырыссаг ӕфсад кӕй ныппырх кодта гермайнаг ӕфсӕддон машинӕйы".

Советон Цӕдисы хайбавӕрдӕн ахӕм аргъ скодтой ӕппӕт дунейы. Уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕсты ис стыр рӕстдзинад, кӕцыйыл никуы ничи дызӕрдыг кодта. Германиимӕ хӕсты рӕстӕджы фӕмард сты 27 милуан советон ӕмбӕстаджы. ССРЦ фесӕфта алкӕцы ӕвдӕм адӕймаджы дӕр йе мбӕстӕгтӕй, Великобритани – иуы 127-ӕй, Америкӕ та иуы 320 адӕймагӕй. Хъыгагӕн, ацы цифрӕ нырма дырыс нӕц. Хъӕуы нырма бакусын, цӕмӕй сбӕрӕг кӕнын Советон Цӕдисы ӕбӕрӕгӕй фесӕфгӕ ӕмбӕстӕгты хъысмӕт: Сырх Ӕфсады хӕстонты, партизанты,,… ӕрхъулайы бахаугӕ адӕмы ӕмӕ концлагерты ахӕстты, сабыр цӕрджыты. Уый у нӕ хӕслӕвӕрд. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы стыр бынат ахсынц агурӕн змӕлды хайадисджытӕ, ӕфсӕддон-патриотикон ӕмӕ волонтерон иугондтӕ, ахӕм проекттӕн, куыд бӕрӕггӕнӕнты электронон базӕ "Адӕмы мысӕн", кӕцы арӕзт ӕрцыд архивон документты бындурыл. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы гуманитарон хӕслӕвӕрд аскъуыддзаг кӕнынӕн хъӕуы ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстад.

Уӕлахизмӕ ӕркодтой алкӕцы бӕстӕ ӕмӕ адӕмы тыхтӕ, кӕцытӕ тох кодтой иумӕйаг знагимӕ. Бритайнаг ӕфсад бахъахъхъӕдта бабырстӕй йӕ фыдыбӕстӕ, тох кодта нацисттимӕ ӕмӕ сӕ сателиттимӕ АСтӕуккаг деджызы, Цӕгаттаг Африкӕйы. Америкайаг ӕмӕ бритайнаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой Итали, бакодтой Дыккаг фронт. Америка тох кодта агрессоримӕ Сабыр океаны дӕр. Мах хъуыды кӕнӕм Китайы адӕмы егъау зиӕнттӕ ӕмӕ йӕ стыр хайбавӕрд Японийы ӕфсӕдтӕ ныппырх кӕныны хъуыддаджы. Нӕ ферох кӕндзыстӕм "Тохгӕнӕг Францийы" хӕстонты, кӕцытӕ нӕ банымадтой капитуляци ӕмӕ дарддӕр тох кодтой нацисттимӕ.

Фронтовая перекличка: Мурат Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сӕрыстыр сӕ дӕн": Хуссар Иры президент радзырдта йӕ хиуӕтты тыххӕй, кӕцытӕ уыдысты хӕсты

Афтӕ ма мах бузныг уыдзыстӕм ӕххуысы тыххӕй, кӕцытӕ нын ӕххӕст кодтой цӕдисонтӕ, уыдон ифтонг кодтой Сырх Ӕфсады хӕцӕнгарзӕй, хомадӕй, хӕлцадӕй, техникӕйӕ. Ӕмӕ уыцы ӕххуыс уыд егъау – Советон Цӕдисы ӕфсӕддон рауагъдады иумӕйаг бӕрцуаты авд проценты.

Гитлеры ныхмӕ коалици райдыдта ӕвзӕрын Советон Цӕдисмӕ бабырсты фӕстӕ, Америкӕ ӕмӕ Великобритани куы балӕууыдысты йӕ фарсмӕ Германийы ныхмӕ тохы. 1943 азы Тегерайнаг конференцийы рӕстӕджы Сталин, Рузвельт ӕмӕ Черчиль сарӕзтой Стыр паддзахӕдты альянс, бадзырдтой коалицион дипломати саразыныл, иумӕйаг стратеги саразыны тыххӕй мӕлӕтдзаг тасы ныхмӕ. Стыр Паддзахӕдты лидертӕ ӕмбӕрстой, ССРЦ, Америкӕ ӕмӕ Великобритани сӕ сӕудӕджерадон, ресурсон ӕмӕ ӕфсӕддон потенциалтӕ куы ӕрбаиу кӕной, уӕд уый ратдзӕн уӕлидзинад ныхмӕлӕгимӕ тохы.

Советон Цӕдис ӕххӕст бӕрцуатӕй сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ цӕдисонты раз, алыхатт дӕр сын ӕххуыс кодта. Егъау операци «Багратион»-ӕй Белоруссийы Сырх Ӕфсад баххуыс кодта англо-америкайаг десант ракалынӕн Нормандийы. 1945 азы январы, Одермӕ бабырсгӕйӕ, нӕ хӕстонтӕ фехӕлдтой вермахты фӕстаг нывӕзтытӕ Ныгуылӕны фронтыл размӕ бырсты фӕдыл, Аденнты. Германийыл фӕуӕлахизӕй ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ССРЦ Ялтайы бадзырдтӕм гӕсгӕ расидт хӕст Японийы ныхмӕ ӕмӕ ныддӕрӕн кодта Квантунон ӕфсад, кӕцыйы рӕнхъыты уыдысты иу милуан ӕфсӕддоны.

1941 азы июлы советон къухдариуӕгад фехъусын кодта, фашистон агрессорты ныхмӕ хӕсты нысаниуӕг кӕй аиуварс кӕнын ӕртхъирӕн бӕстӕйӕн ӕмӕ баххуыс кӕнын Европӕйы ӕппӕт адӕмтӕн, кӕцытӕ зиан баййӕфтой гермайнаг фашизмӕй. 1944 азы ӕмбисмӕ знаджы атардтой советон территорийӕ. Фӕлӕ знагимӕ нырма хъуыд тох кӕнын йӕхи территорийыл. Ӕмӕ Сырх Ӕфсад райдыдта ссӕрибар кӕныны мисси Европӕйы, фервӕзын кодта ӕнӕхъӕн нацитӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй бафыста стыр аргъ – сӕдӕгай советон солдатты цӕрдтӕ.

Ахсджиаг у ма рох кӕнын Советон Цӕдисы стыр материалон ӕххуысы тыххӕй ссӕрибаргонд бӕстӕтӕн ӕххормагӕй, экономика ӕмӕ инфраструктурӕ сӕндидзын уӕвыны хъуыддаджы. Уый ӕххуыс кодта уыцы рӕстӕджы, Брест ӕмӕ Мӕскуыйы хсӕн мингай километртӕ уыдысты хӕсты фӕнычы. Афтӕ майы 1945 азы Австри бахатыд Советон Цӕдисмӕ хӕлцады ӕххуысы фӕдыл, "уымӕн ӕмӕ нӕ зыдта йӕ адӕмы куыд дара ӕввахс 7 къуыри, ног тыллӕг ӕркӕныны рӕстӕгмӕ. Советон Цӕдисы разамынады разыдзинад К. Реннер схуыдта "ирвӕзынгӕнӕг акт", кӕцы "австриӕгтӕ никуы ферох кӕндзысты".

Ӕмцӕдисонтӕ иумӕ сарӕзтой Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон трибунал, кӕцыйы нысан уыд бафхӕрын нацистон хӕстон ӕмӕ политикон архайджыты. Йӕ скъуыддзӕгты барадон ӕгъдауӕй аргъ кӕнынц адӕймагады ныхмӕ фыдракӕндтӕ куыд геноцид, антисемизм, ксенофобийӕн. Комкоммӕ Нюрнбергы трибунал стӕрхон кодта нацистты фарсхӕцджытӕ ӕмӕ коллаборационистыл.

Ацы худинаджы хъуыддаглн уыд бынат Европӕйы ӕппӕт паддзахадты. Ахӕм архайджытӕ куыд Петен, Квислинг, Власов, Бандера ӕмӕ фарсхӕцджытӕ сты уӕйгӕнджытӕ. Сӕ ӕбуалгъ хъуыддӕгты, уыдон сӕ ахуыргӕнджыты сӕрты дӕр акъахджӕф кодтой. Сӕрмагонд ӕфхӕрӕн къорды сконды сӕхи равдисыны охыл, уыдон ӕххӕст кодтой иууыл ӕгъатыр хӕслӕвӕрдтӕ. Сӕ цӕсгомыл сты - сыгъд Хатынь, Волынская резня ӕмӕ Бабий Яры фыдракӕндтӕ, дзуттӕгты цӕгъдын акцитӕ Литва ӕмӕ Латвийы.

Нӕ позици абон у ӕнӕивгӕ: фыдгӕнджыты архайдӕн нӕй ныббарӕн. Уымӕ гӕсгӕ не ' мбарӕм нацизмимӕ чи ӕмгуыст кодта, уыдон Стыр Фыдыбӕстон хӕсты архайджытимӕ иу рӕнхъыл куы февӕрынц. Нацистты фарсхӕцджытӕй хъайтартӕ аразыны хъуыддаг нымайӕм нӕ фыды ӕмӕ уыдон фыдты фыдӕбон нӕ аргъ кӕныныл.

Хуссар Иры ветерантӕн Уӕлахизы 75 азмӕ бафиддзысты милуан сомӕй фылдӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ветерантӕн Уӕлахизы 75 азмӕ бафиддзысты милуан сомӕй фылдӕр

Уӕд Советон Цӕдисы, АИШ ӕмӕ Стыр Британийы разамонджыты раз лӕууыд историон хӕс. Сталин, Рузвельт ӕмӕ Черчилль уыдысты хицӕн идеологитимӕ бӕстӕты разамонджытӕ, фӕлӕ уый бӕрц тых ссардтой ӕмӕ сӕхи ӕмӕ сӕ бӕстӕты интерестӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтой дунейы интерестӕ. Уыдон рцыдысты иу хъуыдымӕ, уый та ахъаз фӕцис ӕппӕт дунейӕн.

Уӕлахиздзау бӕстӕтӕ махӕн ныууагътой нывыл системӕ. Тегерайнаг, Ялтайаг ӕмӕ Потсдамаг сӕвӕрдтой бындур цӕй фӕрцы дуне ныр 75 азы цӕры ныр ӕнӕ глобалон хӕстӕй.

Историон реваншизм, кӕцы йӕхи равдыста ныры дуджы Ныгуылӕны Дыккаг Дунеон хӕсты хатдзӕгты фӕдыл тӕссаг у дунеон размӕцыды принциптӕ кӕй ивы.

Нациты лигӕйы кӕуинагфӕстиуджытӕ бамбӕрстой 1945 азы. ИНО Ӕдасдзинады Советы стректурӕ арӕзт ӕрцыд афтӕ, цӕмӕй сабырады гарантитӕ сараза максималонӕй конкретон ӕмӕ ахадгӕ. Афтӕ фӕзынд Ӕдасдзинады Советы ӕппынӕдзух уӕнгты институт.

Ног глобалон ныхмӕлӕуд райдыдта уайтагъддӕр Дыккаг дунейон хӕсты фӕстӕ ӕмӕ уыд тынг ӕгъатыр. Ӕмӕ уазал хӕст Ӕртыккаг дунейон хӕстмӕ кӕй нӕ асайдта, уымӕн ахъаз уыдысты, "Большая тройка" цы бадзырдтӕ бафыста, уыдон.

Мах уынӕм, ИНО-йы системӕ ныртӕккӕ кӕй кусы ӕндыгъдӕй, йӕ эффективондзинад у хуыздӕрхъуыг. Фӕлӕ йӕ сӕйраг функци уӕддӕр ӕххӕст кӕны. Уый у уникалон механизм стыр хӕстытӕ ӕмӕ глобалон конфликттӕ ма руадзынӕн.

Ӕхсӕнадӕмон ахастыты нырыккон системӕйы сарӕзт уыд Дыккаг дунейон хӕсты ахсджиагдӕр фӕстиуджытӕй иу. Ӕгӕрыстӕмӕй иууыл карздӕр ныхмӕлӕудтӕ – геополитикон, идеологон, экономикон -  ссарынц сабырӕй ӕмиуад кӕныны формӕтӕ. Абон дуне ӕвзары уӕззай рӕстӕджытӕ. Ивы алцыдӕр: паддзахӕдтӕ, ӕнӕхъӕн континенттӕ. Ивгъуыд рӕстӕджыты ахӕм масштабы ивындзинӕдтӕ, ног глобалон иерархиты арӕзтӕдтӕ никуы цыдысты ӕнӕ тугкӕлдтытӕй. Цӕдисон паддзахӕдты политикон архайджыты куырыхондзинад ӕмӕ зонды фӕрцы сарӕзтӕуыд ахӕм системӕ, кӕцы уромы ныхмӕлӕуды кӕройнаг формӕтӕм ахизыны хъуыддаг.

Нӕ хӕс – чидӕриддӕр йӕхимӕ райсы политикон бӕрндзинад, уӕлдайдӕр та Дыккаг дунейон хӕсты уӕлахиздзау бӕстӕты минӕвӕртты хӕс – раттын гарантитӕ, цӕмӕй уыцы системӕ ӕрфидар уа ӕмӕ хуыздӕрӕй хуыздӕр кӕна. Абон, куыд 1945 азы, стыр нысаниуӕг ис политикон тырнынадӕн фидӕн иумӕ скъуыддзаг кӕнынӕн. Нӕ коллегӕтӕ - Си Цзиньпин, Макрон, Трамп, Джонсон – балӕууыдысты уӕрӕсейаг инициативӕйы фарс фондз ядерон бӕстӕйы лидерты – Ӕдасдзинады советы ӕдзухон уӕнгты фембӕлд ауадзыны фӕдыл. Мах сӕ бузныг стӕм уый тыххӕй ӕмӕ нӕ ныфс ис, уыцы фембӕлд кӕй ацӕудзӕн ӕввахс рӕстӕджыты.

Цахӕмӕй уынӕм фидӕны саммиты боны фӕтк? Фыццаджыдӕр, нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъӕуы ӕрныхас кӕнын дунеон хъуыддӕгты коллективон бындурты райрӕзты фӕдыл къахдзӕфтыл, ӕргомӕй ӕрдзурын сабырдзинад, глобалон ӕмӕ регионалон ӕдасдзинад бавӕрыны фарстытыл, стратегион сармадзанты фӕдыл хъусдардыл, иумӕйаг архӕйдтытыл терроризм, экстремизм ӕмӕ ӕндӕр ӕртхъирӕнты ныхмӕ тохы.

Ветераны Великой Отечественной войны у мемориала в селе Теделет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ветерантӕ ссардтой теделеттаг 18 хосдзауы рухс нӕмттӕ

Фембӕлды боны фӕткы хицӕн темӕ – глобалон экономикӕйы уавӕр, сӕйраджыдӕр экономикон кризис аиуварс кӕнын, кӕцы фӕзынд коронавирусы пандемийы аххосагӕй. Нӕ бӕстӕтӕ исынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕной адӕмы цӕрдтӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад, баххуыс кӕной ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ бахаудтой уӕззау цардуагон уавӕрты. Фӕлӕ куыд уӕззау уыдзысты пандемийы фӕстиуджытӕ, куыд тагъд рахиздзӕн глобалон экономикӕ рецессийӕ – уыдон баст сты нӕ иумӕйаг куыстӕй, куыд ӕцӕг партнертӕ. Ноджы ма нӕй гӕнӕн саразын экономикӕйӕ ныхмӕлӕуды инструмент. Актуалон темӕты хсӕн ис ӕрдзы хъахъхъӕнынад ӕмӕ тох климаты ивындзинӕдтимӕ, афтӕ ма хъӕуы бахъахъхъӕнын глобалон информацион тыгъдад.

"Пятёрка"-йы саммитӕн Уӕрӕсе цы боны фӕтк банхъардта, уый у ахсджиаг ӕмӕ актуалон куыд нӕ бӕстӕтӕн, афтӕ ӕппӕт дунейӕн дӕр. Ӕмӕ алкӕцы пункты фӕдыл дӕр махмӕ ис дырыс хъуыдытӕ ӕмӕ хъӕппӕристӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уӕрӕсе, Китай, Франци, Америкӕ ӕмӕ Великобританийы саммитӕн ис ахсджиаг бынат ныры ӕртхъирӕнтӕн дзуаппытӕ агурыны хъуыддаджы, афтӕ ма саммит равдисдзӕн иузӕрдыгдзинад ӕмгуыстадӕн, гуманистон идеалтӕ ӕмӕ хӕзнатӕн, кӕцытыл тох кодтой нӕ фыдтӕ ӕмӕ фыды фыдтӕ.

Иумӕйаг историон хъуыды хынцгӕйӕ, махӕн нӕ бон у ӕмӕ мах хъуамӕ ӕууӕндӕм кӕрӕдзийыл. Уый уыдзӕн фидар бындур ӕнтыстджын баныхасӕн ӕмӕ архӕйдтытӕн дунейыл ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад сфидар кӕныны тыххӕй. Уый мидӕг ис нӕ иумӕйаг хӕслӕвӕрд ӕмӕ бӕрндзинад ӕппӕт дунейы раз, ныры ӕмӕ фидӕны фӕлтӕрты раз.

Ног хабӕртты лентӕ
0