Хуссар Иры цæрæг ныссагъта цалдӕр мин харбызы

© Sputnik / Фатима ПлиеваЗнауыраг харбызтæ
Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бекъойыты Гела ныфс дӕтты, августы бынӕттон базармӕ кæй ӕрбаласдзæн 20-30 тонны хæрзад харбыз

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цӕрӕг байтыдта ӕрдӕг гектар фæзуатыл харбыз. Фирмӕ "Беко" фӕнд кӕны бынӕттон базармӕ æрбаласын 20-30 тонны гагадыргъ, фехъусын кодта Sputnik амалиуӕгады разамонӕг Бекъойты Гела.

Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харбыз æмæ неси: Знауыры цæрæг æркодта 30 тонн тыллæг

Гела йӕ амалиуӕгадӕн бындур ӕрӕвӕрдта цыппар азы размӕ, уый Сыбырӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ срӕвдз кодта харбыз зайыны куыст. Ацы аз йӕ тыллӕг уыдзӕн къаддӕр - коронавирусы апарахат ма рауадзыны охыл тобӕтӕ фадат нӕ радтой фаг тауинаг æрласынæн.

"Ставрополы тауинаг кӕцӕй ластон, уыцы дукани уыд ӕхгӕд. Ацы карантин мӕ фесӕфта. Ныссагътон ӕрмӕст 2,500 быны "Атаман" ӕмӕ "Топ Ган" сорты, уыдон сты ӕрдӕг гектары, фӕлӕ сӕ хуыз хорз у", - загъта амалиуӕггӕнӕг.

Бекъойыты Гела ныфс дӕтты, августы бынӕттон базармӕ кæй ӕрбаласдзæн 20-30 тонны хæрзад харбыз.

Ног хабӕртты лентӕ
0