Хуссар Иры Инвестицион нывӕзтыл ӕрдзырдтой президентимӕ онлайн-рабадтыл

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры Инвестицион нывӕзтыл ӕрдзырдтой президентимӕ онлайн-рабадтыл
Хуссар Иры Инвестицион нывӕзтыл ӕрдзырдтой президентимӕ онлайн-рабадтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг базыдта, куыд хардз кӕнынц фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ хицӕн цӕуынц Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты мадзӕлттӕ сӕххӕст кӕнынӕн

ЦХИНВАЛ, 3 июл – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий ауагъта онлайн-рабадт Инвестицион нывӕзты реализацийы фӕдыл оперативон штабы уӕнгтимӕ.

Арӕзтадон процесс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коронавирус нӕ бандавдзӕн Инвестпрограммӕйы реализацийы ӕмгъуыдыл – арӕзтады министрад

Мӕскуымӕ балцы фӕстӕ паддзахады сӕргълӕууӕг ис дыууӕкъуырион хисӕрмагонд изоляцийы йӕ резиденцийы Дзауы.

Майрӕмбоны рабадты рӕстӕджы Бибылты Анатолий бафарста финансты министр Хӕбӕлаты Азайы, куыд хардз кӕнынц фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ хицӕн цӕуынц Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты мадзӕлттӕ сӕххӕст кӕнынӕн.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2020 азмӕ фӕрӕзты лимит у 1,5 миллиард сомы, уыдонӕй спайда кодтой ӕрмӕстдӕр се 'ртӕ процентӕй, 42,5 милуан сомӕй.

"Ивгъуыд ӕзты цы баззад, уымӕ гӕсгӕ ацы суммӕ рацыд 2,3 миллиард сомы. Ацы суммӕйӕ спайда кодтой 182 милуан сомӕй. Уый у фараст проценты суммӕйӕ, кӕцы хъӕуы бахардз кӕнын ацы аз", - загъта финансты министр Хӕбӕлаты Аза.

Бибылты Анатолий банысан кодта, фӕрӕзтӕй пайда кӕныны ӕвзӕр темптӕ баст сты уыимӕ, ӕмӕ ныры онг нӕ бафыстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы скъуыддзаг.

Гуфта-Къуаиса фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Карантинмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ: премьер бахӕс кодта фӕтагъддӕр кӕнын Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтад

Уый фӕстӕ рабадт адарддӕр ис ӕхгӕд дуӕртты фӕстӕ.

Ӕвӕццӕгӕн, фембӕлды хайадисджытӕ хъуамӕ ӕрдзурой Гуфта-Къуаиса фӕндаджы арӕзтадыл. Боны фӕткмӕ гӕсгӕ, Арӕзтады министрадӕн бахӕс кӕндзысты фӕтагъддӕр кӕнын куыстытӕ объектыл. Фӕлӕ арӕзтад гӕнӕн ис ма фӕуа нысангонд ӕмгъуыдмӕ ӕрмӕджытӕ ласынимӕ проблемӕтӕ, ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ ацы фадыджы бирӕнымӕц инженерон агъуыстытӕ аразыны тыххӕй.

Афтӕ ма, ӕрныхас кодтой арӕзтадон ӕрмӕджыты фӕстауӕрц саразын ӕмӕ йӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстытыл. Афтӕ ма ӕрдзырдтой Цӕгат Ирыстонӕй специалистты ӕрбаздахыны фарстыл, кӕцытӕ хъуамӕ ацӕуой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин республикӕмӕ ӕрцыды фӕстӕ.

2020-2022 ӕзтӕм Инвестицион нывӕзт сфидар кодтой 2019 азы апрелы. Нывӕзты реализацийӕн фӕрӕзтӕ хицӕн кӕны Уӕрӕсе.

Ног хабӕртты лентӕ
0