Аргъӕвтой йӕ: Цхинвалы ацӕудзӕн турнир шашкӕтӕй Уӕлахизы 75 азы цытӕн

© Sputnik / Наталья АйриянТурнир шашкӕтӕй
Турнир шашкӕтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортивон мадзал хъуамӕ ацыдаид ӕндӕр мадзӕлттимӕ майы, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл арӕнӕвӕрдты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik. Цхинвалы ацӕудзӕн Республикон турнир тагъд уырыссаг шашкӕтӕй сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгты хсӕн, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ. Мадзал, кӕцы у нывонд Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы юбилейӕн, ацӕудзӕн республикӕйы столицӕйы 10-11 июлы.

Спорт карантины уавӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спорт карантины уавӕрты: куыд цӕттӕ кӕнынц цхинвайлаг уӕлахиздзаутӕ ерыстӕм

"Ацы спортивон мадзал хъуамӕ уыдаид ӕхсӕнадӕмон ӕмӕ йӕ хъавыдыстӕм ауадзын майы. Фӕндыд нӕ фӕхонын Цӕгат Кавказ ӕмӕ Хуссар федералон зылды хуыздӕр спортсменты. Фӕлӕ коронавирусы пандемийы тыххӕй уыдонӕн нӕ бантыст ӕрцӕуын. Ныр турниры хайад райсдзысты республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ районты командӕты фыццаг номыртӕ", - радзырдта республикӕйы шашкӕты федерацийы президент Лолоты Борис.

Фембӕлдты, кӕцытӕ цӕудзысты Цхинвалы районы администрацийы бӕстыхайы, хайад райсдзысты республикӕйы хуыздӕр шашисттӕ.

Уӕдахиздзаутӕ ӕмӕ призерты схорзӕхджын кӕндзысты майдантӕй, кады грамотатӕй ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0