Нывӕзтмӕ гӕсгӕ: Цхинвалы сабидӕтты уагъд цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянСабидон
Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы администраци ӕрвылаз уадзы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты – коммуналон кусджытӕ бӕрӕг кӕнынц куыстыты фӕзуат ахуырагӕнӕндӕтты разамонджытимӕ иумӕ

ЦХИНВАЛ, 14 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы сабидӕтты уагъд цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Цхинвалы ахуырады хайады хистӕр Лолаты Жанна куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй кӕцыдӕр сабидӕтты куыстытӕ ныридӕгӕн балхынцъ кодтой.

Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры байгом сты сабидӕттӕ карантины фӕстӕ

"Махӕн рахицӕн кодтой 9,8 милуан сомы, скъолатӕ сцалцӕг кӕнынӕн та цыппар милуан соммӕ ӕввахс. Дыууӕ милуан сомы нын сӕрмагондӕй рахицӕн кодтой 14-ӕм сабидоны территорийы хӕрзарӕзтадӕн", - банысан кодта уый.

Лолаты Жанна бахахх кодта, сабидӕтты бӕстыхайты фылдӕр хай кӕй ис хорз уавӕры – фӕлӕ сӕ кӕртыты тыххӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй.

Скъолаты цалцӕджы тыххӕй Лолаты Жанна бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы куыстытӕм нырма нӕ бавнӕлдтой.

"Уый баст у коронавирусы пандеми ӕмӕ таможнӕйыл проблемӕтимӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, мах балхынцъ кӕныдзыстӕм куыстытӕ скъолаты 20 августмӕ", - радзырдта горӕты ахуырады хайады хистӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты скъолатӕй критикон уавӕр ис 10 астӕуккаг скъолайы.

"Ацы бӕстыхай хъӕуы ныппырх кӕнын ӕмӕ ног саразын. Егъау скъолаты дӕр ис бирӕ проблемӕтӕ, зӕгъӕм, дыккӕгӕм ӕмӕ фӕндзӕмы. Ахӕм скъолаты хъӕуы фылдӕр финансон фӕрӕзтӕ", - банысан кодта Лолаты Жанна.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы администраци ӕрвылаз уадзы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты. Коммуналон кусджытӕ бӕрӕг кӕнынц куыстыты фӕзуат ахуыргӕнӕндӕтты разамонджытимӕ иумӕ. Уый фӕстӕ бацӕттӕ кӕнынц куыстыты нывӕзт ӕмӕ сметон документаци.

Ног хабӕртты лентӕ
0