Семӕ ӕрхастой сабырдзинад: Хуссар Иры нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон

© Sputnik / Natalia Airiyan Фидауынгӕнӕджы бон
Фидауынгӕнӕджы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы столицӕйы фидауынгӕнджыты сгуыхтдзинады номарынӕн дидинтӕ сӕвӕрдтой сӕ номыл уынджы мемориалмӕ ӕмӕ Чырыстон дзуармӕ Сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхты уӕрӕсейаг батальоны казармӕйы цур, кӕцы басыгътой 2008 азы августы

ЦХИНВАЛ, 14 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон. Цхинвалы дидинтӕ сӕвӕрдтой мысӕн мемориалмӕ, кӕцы сӕвӕрдтой фидауынгӕнджыты уынгыл.

Фидауынгӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахсджиаг операци: Бибылты Анатолий Хуссар Ирмӕ фидауынгӕнджыты ӕрбаконды тыххӕй

Фидауынгӕнӕджы бон бахастой бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты паддзахадон къӕлиндармӕ. 1992 азы 14 июлы гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕмӕ ӕрбакодтой сабырад бахъахъхъӕныны фӕдыл ӕмхӕццӕ тыхтӕ. Уый сӕххӕст кодтой Сочийы бадзырдты фӕлгӕтты, кӕцытӕ бафыстой 1992 азы сӕрды Уӕрӕсе, Гуырдзыстон Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ.

Фидауынгӕнджыты ном радтой Цхинвалы централон уынгтӕй иуӕн. Ацы ран сӕвӕрдтой мысӕн с мемориал дӕр.

Уӕрӕсейаг ӕмӕ ирон ӕфсӕддонты мемориалмӕ ӕрбацыдысты президент ӕмӕ хицауады уӕнгтӕ, парламенты депутаттӕ, раздӕры фидауынгӕнджытӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Фидауынгӕнӕджы бон Хуссар Иры
Семӕ ӕрхастой сабырдзинад: Хуссар Иры нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фидауынгӕнӕджы бон Хуссар Иры

Бирӕазон традицимӕ гӕсгӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой Чырыстон дзуармӕ фидауынгӕнджыты уӕрӕсейаг батальоны казармӕйы цур, кӕцы райста гуырдзиаг ӕфсады фыццаг цӕфтӕ 2008 азы августы.

1992 азы фидауынгӕнджыты сконды чи ӕрбацыд конфликты зонӕмӕ, уыдоны хсӕн уыд Магкоты Руслан дӕр.

"Ӕз уыдтӕн фидауынгӕнджыты хсӕн фыццаг бонӕй фӕстаджы онг. Лӕууыдыстӕм Знауыры районы. 17 азы уыдтӕн ам, иу бон дӕр нӕ рауагътон", - радзырдта уый.

© SputnikМагкоты Руслан
Семӕ ӕрхастой сабырдзинад: Хуссар Иры нысан кӕнынц Фидауынгӕнӕджы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Магкоты Руслан

Русан сӕрыстыр у, фидауынгӕнджыты архайды руаджы Хуссар Ирыстоны зӕххыл кӕй ис сабыр цард, ӕмӕ уым йе ‘сгуыхтдзинад дӕр кӕй ис.

Магкоты Руслан уыд Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы дӕр.

"Уӕззау уавӕр уыд, фӕлӕ мах нӕ ацыдыстӕм. Иууылдӕр зыдтой, кӕй уыдзӕн хӕст. 6 августы ӕхсӕвы ӕз уыдтӕн оперативон радгӕсон, ӕмӕ мӕнӕн арӕнтӕй дӕттой информаци, гуырдзиӕгтӕ размӕ кӕй цӕуынц. Ӕз алцыдӕр бадӕттон, фӕлӕ ницы реакци нӕ уыд", - дзуры Руслан.

Фидауынгӕнӕн операци Хуссар Ирыстоны цыд 2009 азы онг.

2008 азы 17 сентябры бафыстой Бадзырд хӕларад, ӕмгуыстад ӕмӕ ӕххуысы фӕдыл ӕмӕ 2009 азы 30 апрелы та бафыстой Бадзырд иумӕйаг архайды фӕдыл паддзахадон арӕн бахъахъхъӕнынӕн. Ацы бадзырдтӕм гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны сарӕзтой цыппӕрӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ Федералон ӕдасдзинады службӕйы Арӕнгӕрон хайад. Уыдон хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддонтимӕ иумӕ хъахъхъӕнынц Хуссар Ирыстоны арӕнтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0