Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл фембӕлдтӕ сног кӕндзысты иу азы фӕурӕды фӕстӕ

© Sputnik / Ян ГабараевИӔАМ форматы фембӕлд
ИӔАМ форматы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕныл ӕндыгъд уавӕр фӕзыныны фӕстӕ фарсытӕ фембӕлдысты цалдӕр хатт. Фӕлӕ уыдон уыдысты техникон фембӕлдтӕ, кӕцыты рӕстӕджы ныхас кодтой иу фарстыл – гуырдзиаг полицийы ӕнӕзаконон блокпостыл хуссарирыстойнаг хъӕу Уисты

ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik, Козаты Диана. Инциденттӕ ма руадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) хайадисджыты фембӕлд гӕнӕн ис ацӕуа 30 июлы. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ развӕлгъау бадзырдтой фембӕлын фидӕн къуыри ӕмӕ ӕрныхас кӕнын арӕны уавӕрыл, загъта Sputnik хуссарирыстойнаг делегацийы разамонӕг Коцты Егор.

Фарсытӕ фӕстаг хатт фембӕлдысты фарон аз ноябры. Фӕлӕ уый уыд техникон фембӕлд, кӕцыйы рӕстӕджы ныхас кодтой иу фарстыл – гуырдзиаг полицийы ӕнӕзаконон блокпостыл хуссарирыстойнаг хъӕу Уисты.

"Арӕныл цаутӕ арӕхдӕр кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕдыл хуссарирыстойнаг фарсы хъӕппӕрисӕй бадзырдтой ауадзын радон фембӕлд ИӔАМ форматы. Кӕд ницы фӕива, уӕд фембӕлд ацӕудзӕн 30 июлы", - загъта Коцты Егор.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, коронавирусы пандемийы тыххӕй ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фӕдыл фембӕлды хайад нӕ исдзысты журналисттӕ. ДИФ минӕвӕрттӕн баныхасы лыстӕгдзинӕдтӕ радзурдзысты фембӕлды фӕстӕ.

Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуы æрсидт Гуырдзыстонмæ ныууадзын провокацитæ Хуссар Иры арæнтыл

Делегацийы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уисты хъӕуы районы уавӕр нӕ фӕхуыздӕр, фӕлӕ фӕзындысты ӕндӕр цаутӕ дӕр, кӕцытӕ нӕй гӕнӕн аскъуыддзаг кӕнын телефонӕй.

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны дӕр фӕнды ауадзын фембӕлд. Фӕстаг цау ӕхсынимӕ сӕндыгъд кодта уавӕр ӕмӕ ацы фарстытӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны июлы райдайӕны ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы, кӕцы ӕхста хуссарирыстойнаг арӕн хъахъхъӕнджыты. Арӕнгӕрон хайады кусджытӕ йын фехстой йӕ къах ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕрцахстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0