Ирыстойнаг чызг рамбылдта бронзӕйон майдан Уӕрӕсейы чемпионаты уӕззау атлетикӕйӕ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæИрыстойнаг чызг рамбылдта бронзӕйон майдан Уӕрӕсейы чемпионаты уӕззау атлетикӕйӕ
Ирыстойнаг чызг рамбылдта бронзӕйон майдан Уӕрӕсейы чемпионаты уӕззау атлетикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕ райдыдтой Грозныйы ӕмӕ адарддӕр уыдзысты 23 августы онг, Цӕгат Ирыстоны кад турниры хъахъхъӕнынц 11 спортсмены

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik. Гасситы Мария Цӕгат Ирыстонӕй схызт кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ Уӕрӕсейы чемпионаты уӕззау атлетикӕйӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы чемпионат хъӕбысхӕстӕй Дзӕуджыхъӕуы гӕнӕн ис ацӕуа ӕнӕ кӕсджытӕй

Иумӕйагӕй спортсменкӕ систа 157 килограммы (68 кг +89 кг). Гасситы Мария тренировкӕ кӕны йӕ фыд – Гасситы Русланы – къухдариуӕгады бын.

Цӕгат Ирыстоны кад ацы ерысты хъахъхъӕнынц 11 спортсмены: Гасситы Мария (49 кг), Соттиты Яна (76 кг) ӕмӕ Гусаты Мӕдинӕ (73 кг), Къусты Тимур (73 кг), Хуыгаты Хетӕг (96 кг), Кӕсӕбиты Александр ӕмӕ Къӕбысты Артур (дыууӕ дӕр 102 кг), Багаты Владимир ӕмӕ Годжысаты Дмитрий (дыууӕ дӕр 109 кг), Наниты Арсен ӕмӕ Кокайты Сослан (дыууӕ дӕр 109). Турнир уагъд цӕуы Грозныйы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 23 агвгусты онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0