Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уӕлахизмӕ: Сланты Виталий радзырдта Тедеты Сосланы радон тохы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянТедеты Сослан
Тедеты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тедеты Сослан ауадздзӕн тох дӕргъвӕтин фӕурӕды фӕстӕ, уый фембӕлдзӕн Харитон Агрбаимӕ боксы изӕры фӕлгӕтты Казаны

ЦХИНВАЛ, 21 авг – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Боксер-профессионал Хуссар Ирыстонӕй Тедеты Сослан сабаты фембӕлдзӕн рингыл WBA Continental роны хицау Харитон Агрбаимӕ. Боксерты тох уыдзӕн сӕйраг боксы изӕры "Столото. Вечер бокса WBC" Казаны. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта боксеры тренер Сланты Виталий.

Тедеты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг боксер Тедеты Сослан рахиздзӕн рингмӕ дӕргъвӕтин паузӕйы фӕстӕ

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Тедеты Сослан ӕртӕ мӕйы дӕргъы тренировкӕ кодта Цхинвалы арӕны сӕхгӕды тыххӕй, фӕлӕ боксер ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕрмӕстдӕр уӕллахизмӕ.

Амӕйразмӕ спортсмен фехъусын кодта, тохмӕ цӕттӕкӕнынад кӕй цӕуы иттӕг хорз. Уый уыдзӕн фыццаг профессионалон тох дыууӕ азы дӕргъы. Спортсмен ауагъта 20 тохы, уыдонӕй 13 рамбылдта нокаутӕй, иу хатт та фембылд.

Тедеты Сослан архайы рог уӕзы (63 килограммы). Уый тренировкӕ кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын, ӕмӕ хъахъхъӕны боксерон клуб "Ариана"-йы кад.

Ног хабӕртты лентӕ
0