Тæссаг дидинæг: Цхинвалы цæрджытæ тыхсынц амброзийы сыхагдзинадæй

Рафыссын
Амбрози дидин калы сæрды кæронæй фæззæджы райдайæнмæ, ацы зианхæссæг кæрдæг горæты арæнты фенæн ис бирæ бынæтты, уæлдай тынг зайынц Мæскуыйаг микрорайоны

ЦХИНВАЛ, 8 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæззæджы райдайæны сарæх вæййынц аллергийæ чи тыхсы, уыдон баздæхттæ рынчындонмæ. Фылдæр бæрцæй уый баст у амброзийы дидин калдимæ, фехъусын кодта Sputnik РБМЦ поликлиникæйы хайады аллерголог-иммунолог Мæргъиты Марина.

Амбрози дидин калы сæрды кæронæй фæззæджы райдайæнмæ, ацы зианхæссæг кæрдæг горæты арæнты фенæн ис бирæ бынæтты, уæлдай тынг зайынц Мæскуыйаг микрорайоны.

"Ацы аз фæстæдæр райдыдтой тыхсын адæм. Ныр дыууæ къуырийы пациентты баздæхттæ сарæх сты рынчындонмæ. Тынг бирæ адæм нæм ис, кæцытæн ис сенсибилизаци амброзимæ", - радзырдта Мæргъиты Марина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, аллергийæн фаг у дыууæ километры дæрддзæф куы зайа тæссаг кæрдæг, уый дæр.

"Ӕнæмæнг нæу, цæмæй амбрози зайа дæ рудзынджы бын, дидинты рыг дымгæ хæссы цалдæргай километры онг", - бафтыдта дохтыр.

Цхинвалы срæвдз кодтой цайы рауагъдад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Музыкӕйӕ кӕрдӕджытӕм: Цхинвалы срæвдз кодтой цайы рауагъдад

Мæргъиты Маринайы ныхæстæм гæсгæ, хуымæтæг хибахизынæй даддæр ма хъуамæ сезоны агъоммæ аллерги кæмæн ис, уыдон нуазой хостæ.

"Дыууæ къуыри раздæр хъуамæ райдайой нуазын антигистаминон препараттæ. Махмæ, хъыгагæн, сæ тых сæ бонæй фæфæразынц, æмæ сыл низ куы стых вæййы, æрмæст уæд æрбацæуынц рынчындонмæ. Аллерги бандавы иумæйагæй се 'нæниздзинадыл – фæлидзы сæ фынæй, нылæмæгъ вæййынц", - загъта дохтыр.

Амбрози дидын калын куы райдайы, уæд дохтыр-аллергологы къæсæрæй бахизы 20 адæймаджы бæрц бон.

"Иу боны мидæг нæм æрбацæуы 10-20 адæймаджы, уыдонæн сæ 30%-æн фыццаг хатт фæзыны ацы реакци", -балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0