ЦХИНВАЛ, 16 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий парламенты æркастмæ рахаста бæстæйы премьер-министрæй Бекъойты Геннадийы снысан кæныны фарст, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
"Хуссар Ирыстоны конституцион закон "О Правительстве Республики Южная Осетия" –йы 6-æм статьямæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æркастмæ хæссын æнхъарæн Бекъойты Геннадий Борисы фырты кандидатура Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары бынатмæ снысан кæныны фæдыл", - дзырдæуы Бибылты Анатолийы фыстæджы спикер Тадтаты Аланы номыл.
Республикæйы Конституцимæ гæсгæ, хицауады сæрдар нысан цæуы парламенты сразыдзинадæй. Хицауады сæрдары кандидатурæ парламенты æркастмæ бавдисы президент дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ хицауады отставкæйы фæстæ, науæд та парламент кандидатурæ куы бафауы, уый фæстæ.
Парламентæн президенты æнхъарæнмæ æркæсынæн лæвæрд цæуы къуырийы æмгъуыд.
Раздæр, 29 августы, президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд хицауады отставкæйы фæдыл, хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй нысан æрцыд вице-премьер Бекъойты Геннадий.