Бынæттон джитъри æмæ помидор: Уалыты Ирбеджы тыллæджы дуне

© Sputnik / Дряева ЛейлаУалыты Ирбеджы тыллæджы дуне
Уалыты Ирбеджы тыллæджы дуне - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æвзонг амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй цы тыллæг æркодта, уыдон ауæй кæны улæфт бонты бынæттон базары. Хатт æм æлхæнæг æрбацæуы бынатмæ дæр

ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Дыгъуызты хъæуы цæрæг Уалыты Ирбег столицæйы базар ифтонг кæны бынæттон халсарæй, йæ джитъритæ æмæ помидортæн æлхæнæг цæуы бынатмæ дæр. Куыстуарзаг лæгæн йæ амалиуæгад скусын кæнынæн фæахъаз ис 250 мин сомы кредитон фæрæзтæ, кæцытæ хицауад дæтты чысыл амалиуæгады райрæзтæн.

"Ахæм хъуыддагыл ныххæцын баст у бæрæг зындзинæдтимæ, хатт тас дæр вæййы, цы фæрæзтæ бахардз кæнай, уыдон дæр дзæгъæлы куы фæуой", - зӕгъы Цхинвалы районы цæрæг, æвзонг арендатор Уалыты Ирбег.

Ирбег цы хъуыддаг сфæнд кодта райдайын, уымæн æм æхцайы фæрæзтæ нæ уыд. Фӕлӕ бацæттæ кодта бизнес-программæ æмæ йæ балæвæрдта дыууæ азы размæ, æвзонг амалиуæггæнджытæ æмæ фермæтæн æххуысы тыххæй Экономикон райрæзты министрад цы сæрмагонд къамис сарæзта, уырдæм. Уыдон ын рахицæн кодтой 250 мин сомы, фӕлӕ уал уæдмæ æвзонг лæппу йæхи сæрмагонд зæххы фадыгыл, цы æхцайы фæрæзтæ йæм уыд, уыдонӕй самал кодта ӕмӕ сарæзта каркастæ. Фæлæ йын дарддæр æхца нал сфаг. Кредиты хуызы цы æхцатæ райста, уыдонæй та йӕ ӕркодта ӕмбӕлон уагмæ, йæ фæрстæ йын бамбæрзта целлофанæй, бауагъта йæм донхæргæнæн дон. Йæ сæр та йын сагъуыста лексанæй.

Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харбыз æмæ неси: Знауыры цæрæг æркодта 30 тонн тыллæг

"Фыццаг аз дзы ныссагътон помидоры садзæнтæ ӕмӕ сӕ ауӕй кодтон. Дыккаг аз хъуыддаг фæрæвдздæр ис. Ирбег ныссагъта цæхæрайы сыфтæ æмæ алыгъуызон цъæхыгтæ. Тынг зæрдиагæй сæ истой нæ горæты кæрдзынтæ цы къæбицты кæнынц, уыдон хицæуттæ", - загъта Ирбег.

Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъӕрмуаты цы цæхæрайы сыфтæ зад, уыдон уыдысты экологон æгъдауæй сыгъдæг. Дыккаг азы тыллæгæй дæр райгондӕй баззад Уалыйы фырт, фæлæ уæддæр йæ фæрæзтæ уый бæрц нæма сты, цæмæй йæ хъӕрмуаты фæрстæ дæр лексанæй баива. Йæ целлофантæ арæх ныскъуыдтæ вæййынц, фæивы сæ рæстæгæй-рæстæгмæ.

Фермерон хæдзарад Знауыры - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фарны" тыллæг: маргъ, халсар æмæ сæн

Æвзонг амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй хъармуат капиталон арæзт куыннæ уа, уæд тæссаг у, цы куыстытæ кæны, уыдон дзӕгъӕлы куы фӕуой, уымæй. Уымӕн ӕмӕ тыхдымгæтæ æмæ ихуарттытæ куы вæййы, уæд хъӕрмуаты фæрстæ цы целллофантæй æмбæрзт сты уыдон ныскъуыдтæ кæны.

Амалиуæггæнæг ма куыд зæгъы, афтæмæй зæххы куыст чи кæны, уый хъуамæ алцæмæ дæр лæууа цырд. Иу бон дæр куыннæ бахизы йæ хъӕрмуатмæ, уæддæр ыл бæрæгæй фæзыны, иу куыст, дам иннæйы æййафы.

Ацы аз та Ирбег йæ хъæрмуаты байтыдта джитритæ, ӕмӕ памидортӕ.

"Æз хъæуты хъомыл кодтон. Мæ ныййарджытæ хуымæтæг зæхкусæг адæм сты. Мæхи цæстæй уыдтон мæ мад иу æрвылаз дæр уыцы иу бынаты куыд тыдта помидортæ æмæ джитритæ. Раст зæгъгæйæ, йын æвзæр нæ задысты, фæлæ уæд æрдз дæр æндæрхуызон уыд. Интернеты хызæджы хъæууон-хæдзарадон продукттæ æрзайыны сайттæ, куыд амонынц, афтæмæй алы аз дæр ивын хъæуы халсæртты бынæттæ, уæд, дам, хуыздæр тыллæг дæтдзысты", - зæгъы Ирбег.

Æвзонг амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй цы тыллæг æркодта, уыдон ауæй кæны улæфт бонты бынæттон базары. Хатт æм æлхæнæг æрбацæуы бынатмæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0