ЦХИНВАЛ, 5 окт – Sputnik, Козаты Диана. Чырон компани "Мегафон" ӕмӕ ЗАО "Остелеком"-ы абоненттӕн 5 октябрӕй кусын райдыдтой ног тарифтӕ роумингы уӕвгӕйӕ.
Компанийы радзырдтой, арӕнӕй ахизгӕйӕ абонентӕн кӕй уыдзӕн фадат пайда кӕнын хӕдзарон роумингы уавӕрты, боны мидӕг лӕггӕдты пакеты аргъ фӕкъаддӕр 99 сомы онг. Уыдон иу сфысдзысты ӕрмӕстдӕр уӕд, кӕд ӕмӕ мобилон бастдзинадӕй пайда кӕной.
"Абонент куы баиу кӕна опци "Просто роуминг", уӕд йӕ бастдзинады аргъ уыдзӕн ӕрмӕстдӕр 9,9 сомы иу минуты мидӕг, радзӕр уыд 16 сомы. 1 МБ интернет дӕр роумингы слӕудзӕн 9,9 сомы", - банысан кодтой компанийы.
Уым ма банысан кодтой, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсеимӕ арӕны байгомы фӕстӕ та компанийы абоненттӕн ногӕй кӕй сты актуалон пайдаджын бастдзинады уавӕртӕ.