ЦХИНВАЛ, 8 окт - Sputnik. "Мегафон-Хуссар Ирыстон" бакодта ног интернет-опци – ныр тарифон нывӕзт "Переходи на ноль"-ы абоненттӕн фӕзындзӕн фадат баиу кӕнын интернет-опци "Будь онлайн", фехъусын кодта Sputnik компанийы ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты фӕдыл специалист Бежанты Зӕринӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тарифон нывӕзты сӕйраг уӕлидзинад уыдзӕн абонентон фиддонтӕ дзы кӕй нӕ хъӕуы, уый. "Будь онлайн" опциимӕ тарифон нывӕзт уыдзӕн актуалон Интернетӕй активон пайдагӕнджытӕн дӕр.
"Опцийы сӕйраг трафик бахардз кӕныны фӕстӕ абонентӕн фӕзыны интернеты арӕнӕвӕрд 64 Кбит\сек онг. Опци баиу ӕмӕ раиу кӕнын ис гӕнӕн цыфӕнды рӕстӕджы дӕр. Компани 2020 азы апрелы среализаци кодта тарифон нывӕзт "Переходи на ноль" ӕнӕ абонентон фиддонтӕй ӕрвылминутон тарификациимӕ", - загъта Бежанты Зӕринӕ.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, абонент опци куы баиу кӕна, уӕд ӕрвыл суткӕ йӕ бон уыдзӕн хардз кӕнын интернет-трафик 10 гб онг.