Хуссар Иры кæронмæ фæхæццæ кæны фæндаг Гуфта-Къуаисайы арæзтад

© Министерство строительства РЮОФæндаг Гуфта-Къуаисайы арæзтад
Фæндаг Гуфта-Къуаисайы арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Автотрассæ Гуфта-Къуаиса цалцæг цæуы ныр цалдæр азы æмæ ныр бахæццæ ис кæронбæттæн фазæмæ, фехъусын кодтой "Дорэкспострой"-ы

ЦХИНВАЛ, 8 окт – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Автотрассæ Гуфта-Къуаисайы реконструкцийы æртыккаг кæронбæттæнон этап балхынцъ уыдзæн декабрьмæ, фехъусын кодта Sputnik унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-ы генералон директоры хæдивæг Коцты Сослан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кусджытæн ма баззад æрмæстдæр асфальтæй бамбæрзын фæндаджы фондз километры. Кæронмæ фæхæццæ кæнынц хид æмæ быцæугæнæн систы арæзтад дæр. уымæй дарддæр ма куыст цæуы донуадзæн хæтæлтæ сæвæрыныл дæр.

Бибылты Анатолий бабæрæг кодта автомобилон фæндаг Гуфта-Къуаисайы арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Вазыгджын фадгуытæм - уæлдай хъусдард: президент Къуаисайы фæндаджы арæзтады тыххæй

"Куыстыты сæйраг хай хъуамæ фæуæм ацы мæйы кæронмæ. Стæй ма дзы баззайдзæн сæвæрын фæндагон нысæнттæ æмæ парапеттæ. Декабрьмæ, нывæзты нын куыд уыд, афтæ хъуамæ радтæм объект эксплуатацимæ", - загъта сæйраг фæндагарæзтадон уагдоны директоры хæдивæг.

Уый ма бафтыдта, кусæгон тых æмæ фæндагон техникæйæ кæй не 'йафынц цухдзинад. Куыстытæ фылдæр бæрцæй кæнынц Къуыдаргомы цæрджытæ.

Автотрассæ Гуфта-Къуаисайы дæргъ у 38-39 километры æмæ цалцæг цæуы ныр цалдæр азы æмæ цалдæр стадийæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0