Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориал сараздзысты октябры кӕрӕттӕм

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориал
Хуссар Иры зынгхуыст хъайтартӕн мемориал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕзтады ӕмгъуыдыл бандӕвта карантин арӕныл, кӕцыйы тыххӕй республикӕмӕ нӕ бантыст рӕстӕгыл ӕрцӕуын цӕгатирыстойнаг специалисттӕн

ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Фыдыбӕстӕйы зынгхуызт хъайтартӕн мемориалы арӕзтад Цхинвалы центры фӕуыдзысты дыууӕ къуырийы дӕргъы, фехъусын кодта Sputnik нардуатон организаци "ГарантГрупп"-ы гендиректор Александр Березнев.

Знауыры сарæзтой мемориал 1989-2008 азы Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъайтартæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры сарæзтой мемориал Хуссар Иры хæстыты зынгхуыст хъайтартæн

Ныртӕккӕ специалисттӕ Цӕгат Ирыстонӕй кусынц барельефы монтажыл. Березневы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ уӕз у 10 тоннмӕ ӕввахс. Бронзӕйы скульптурӕйы бӕрзӕнд у 4,20 метры, йӕ дӕргъ та 17,64 метры. Композицийы центры сты дыууӕ хӕстоны – уӕрӕсейаг фидауынгӕнӕг ӕмӕ ирон хӕдӕфсӕддон.

"Мах фӕуд кодтам куыстытӕ, фӕлӕ цӕгатирыстойнаг специалисттӕн, кӕцытӕ бацӕттӕ кодтой барельеф, нӕ банстыст ӕрцӕуын Цхинвалмӕ ӕмӕ сӕвӕрын скульптурӕ коронавирусы пандеми ӕмӕ карантины тыххӕй. Ныртӕккӕ уыдон сты ам. 10 боны дӕргъы фӕуыдзысты монтажон куыстытӕ", - банысан кодта Александр Березнев.

Хуссар Ирыстоны зынгхуыст хъайтартӕн мемориалон комплекс арӕзт цӕуы Тугъанты Махарбеджы уынгыл, Национ музейы цур территорийыл. Мемориалон комплексы арӕзтад ӕххӕст цӕуы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты. Объекты аргъ у 60 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0