Хуссар Иры скусдзӕн иунӕг автофæдзæхсты компани

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæАвтофæдзæхст
Автофæдзæхст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Компанийы бардарджыты ныхæстæм гæсгæ, автофæдзæхсты гæххæттытæ фидар кӕнын райдайдзысты ӕрбалӕугӕ мӕйы райдианӕй

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны йæ куыст рæвдз кæны хæдтулгæты шофырты бæрндзинады фæдзæхсты паддзахадон фирмæ ООО "ЮГСК-Алания". Нырма уал фирмæ уадзы цæттæгæнæн куыст, гӕххӕттытӕ райдайдзӕн дӕттын, куыддӕр лицензийы хицау бауой, афтӕ, фехъусын кодта Sputnik компанийы генералон директор Тедеты Рудольф.

Хуссар Ирыстоны иунæг автофæдзæхсты компани йӕ куыст ӕрурӕдта азы райдайӕны, уый тыххӕй хæдтулæгæты хицæуттæ катай кодтой социалон хызӕгты.

Ныридӕгӕн ног фирмӕ райста штатон кусджыты, бакодта офис.

"ЮГСК-Алания" нæу коммерцион компани, акцитӕ сты паддзахады. Бацыдыстӕм нӕ куысты ӕлхынцъгӕнӕн этапмӕ, бакодтам офис Типографийы бӕстыхайы. Амал кӕнӕм бланктӕ. Автофӕдзӕхсты компани скусдзӕн фыццӕгӕм ноябрӕй", - загъта Тедеты Рудольф.

Уый ма бамбарын кодта хæдтулгæты шофырты бæрндзинады фæдзæхсты лыстӕгдзинӕдтӕ.

Хуссар Иры кæнынц автофæдзæхсты компани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бакæндзысты ног автофæдзæхсты компани

"Мах бацӕттӕ кодтам транспорты ӕппӕт сегменттӕн тарифтӕ - рог ӕмӕ уӕззау хӕдтулгӕтӕ, такси, юридикон ӕмӕ физикон цӕсгӕмттӕ, афтӕ ма сӕрмагонд техникӕйӕн. Коэффициент бирӕ бӕрцӕй уыдзӕн шофырӕн йӕ архӕстдзинадӕй кӕнгӕ, ӕнӕ авари шофыртӕн уыдзӕн хуыздӕр уавӕртӕ. Зынгӕ къаддӕр уыдзысты нӕ тарифтӕ Уӕрӕсейӕ, кӕд уым сӕ иууыл ныллӕгдӕр бӕрӕггӕнӕн у фондз мин сомы, уӕд махӕн та стартон аргъ уыдзӕн 1980 сомӕй, уымӕй арӕзт цӕудзӕн фӕдзӕхсты преми", - радзырдта уый.

Компанийы разамонӕг ма бамбарын кодта, фӕдзӕхстон уавӕртыл нымад кӕцытӕ цӕуынц, уый дӕр.

"Фӕдзӕхстон уавӕрыл нымад цӕуы, шофыр зиан куы ӕрхӕсса ӕртыккаг цӕсгомӕн, уый. Ома фӕдзӕхст ӕмбӕрзы, шофыр ӕндӕрты исадӕн цы зиан ӕрхаста, уый", - бахахх кодта уый.

Регламентмæ гæсгæ, фæдзæхсты цауы 'рцыды рæстæджы финансон фæрæзтæ райсыны тыххæй хъæуы бавдисын къорд документы, уыдон нымæцы Паддзахадон автоинспекцийæ документтæ, цæмæй бæстонæй æмбарæм, кæй æрцыд ФТЦ. Стæй уый фæстæ эксперттæ банымайдзысты хæрдзтæ.

Хуссар Иры МХМ-йы пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, цалынмæ автофæдзæхсты компани ма фæзына Хуссар Иры, уæдмæ Паддзахадон автоинспекци шофырты кæй нæ ивар кæндзæн ацы гæххæтты цухдзинады тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0