Хуссар Ир иу бонмӕ баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй

© Sputnik / Роман Денисов /  Ахизын медиабанкмæРухсы хӕтӕлтӕ
Рухсы хӕтӕлтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электроэнерги ахицӕн кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны дӕлстанцыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ауадзыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны электроэнерги нӕ уыдзӕн иу бон ног къуырийы райдайӕны, фехъусын кодтой Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс-Хуссар Ирыстоны".

"Къуырисӕры, 9 ноябры, 9.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ республикӕйы нӕ уыдзӕн электроэнерги", - банысан кодтой уагдоны.

Рухс ахицӕн кӕндзысты "Цӕгаттаг портал" дӕлстанцыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ауадзыны тыххӕй Цӕгат Ирыстоны.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0