Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Санкт-Петербургаг дохтырты COVID-19-ы ныхмӕ тохы тыххӕй

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Санкт-Петербургаг дохтырты COVID-19-ы ныхмӕ тохы тыххӕй
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Санкт-Петербургаг дохтырты COVID-19-ы ныхмӕ тохы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санкт-Петербургаг специалисттӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ ноябры райдайӕны РХИ къухдариуӕгады ӕрхуындӕй. Уыдон ӕххуыс кӕнынц сӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн хос кӕнын коронавирусимӕ пациенттӕн

ЦХИНВАЛ, 13 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент схорзӕхджын кодта кады грамотатӕй специалистты Санкт-Петербургӕй коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕнынӕн ӕххуысы тыххӕй, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты дотыртӕ Санкт-Петербургӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты дохтыртӕ Санкт-Петербургӕй

Хорзӕхты хицӕуттӕ баисты Фыццаг Санкт-Петербургаг паддзахадон медицинон университеты анестезиологи ӕмӕ реаниматологийы зонадон-клиникон центры специалисттӕ Александр Хряпа, Владимир Комок ӕмӕ Дулайты Алан.

Уӕрӕсейаг специалисттӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы куыстой Цхинвалы рынчындӕтты ӕмӕ ӕххуыс кодтой сӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн коронавирусӕн хос кӕнын.

Президент загъта бузныг медиктӕн ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, республикӕйы стыр аргъ кӕй кӕнынц Санкт Петербургаг специалистты куыстӕн.

"Ацы вирус бандӕвта адӕмы цардыл, паддзахады экономикӕйыл. Ацы пандемимӕ никӕцы паддзахадӕн бантыст бацӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ абоны бон сымах руаджы, ӕмӕ ӕфсӕддон госпиталы руаджы, кӕцы ис Хуссар Ирыстоны территорийыл, мах тох кӕнӕм ацы вирусимӕ", - банысан кодта президент.

Александр Хряпа загъта бузныг республикӕйы сӕргълӕууӕгӕн хъарм райсты тыххӕй.

"Мах куыстам нӕ бон куыд уыд, афтӕ. Кӕд дзы раздӕр фиппаинӕгтӕ уыд, уӕд сӕ ныр иуварс кӕнӕм, пациенттӕ уый хъуамӕ банкъардтаиккой", - загъта Александр Хряпа.

Пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1550 фӕрынчынуӕвӕджы. Коронавирусон инфекцийӕ амардысты 21 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0