Цхинвалы РБМЦ диализы хайад аивта йӕ куысты график пандемийы тыххӕй

© Sputnik / Ян ГабараевЦхинвалы РБМЦ диализы хайад
Цхинвалы РБМЦ диализы хайад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны гемодиализы хайад райста фыццаг рынчынты 2019 азы апрелы. Уӕдмӕ пациенттӕ гемодиализы процедурӕмӕ цыдысты фӕсарӕнтӕм

ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Гемодиализы хайад аивта йӕ куысты график коронавирусы пандемийы тыххӕй, радзырдта Sputnik гемодиализы хайады хистӕр Джиоты Мӕдинӕ.

"Коронавирусы апарахаты уавӕрты нӕ хайад рахызт куысты ӕндӕр графикмӕ. Ныр дыууӕ сменӕйы ист цӕуынц ӕнӕ коронавирусӕй пациенттӕ уыргты низимӕ, ӕртыккаг сменӕйы та райсынц пациентты, кӕцытӕ сты рынчын коронавирусӕй", - загъта Джиоты Мӕдинӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртыккаг сменӕмӕ хайадӕй ацӕуынц персонал ӕмӕ пациенттӕ, кӕцытӕн нӕй коронавирус.

Габайты Зӕлинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнӕмӕнг хъӕуынц психологтӕ": волонтер "сырх зонӕ"-йы тыххӕй Цхинвалы

Процедурӕтӕ куы фӕуынц, уӕд коронавирусон инфекциимӕ пациентты ракӕнынц фӕстӕмӕ сывӕллӕтты рынчындон кӕнӕ инфекцион хайадмӕ.

"Уый фӕстӕ бӕстыхай сдезинфекци кӕнынц сӕрмагонд фӕрӕзӕй. Стӕй йӕ ныхсынц, цӕмӕй бӕстыхай дыккаг бонмӕ цӕттӕ уа райсын пациентты, кӕцытӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирус", - загъта уый.

Джиоты Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрвылбонон диализ хъӕуы пациентты, кӕцытӕн ис уыргты низ ӕмӕ коронавирус. Уый фӕдыл ивгъуыд къуыри диализ арӕзтой ӕрвылбон. Джиоты Мӕдинӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, уавӕр куы фӕхуыздӕр уа, уӕд коронавирусӕй рынчын пациенттӕн диализ араздзысты къуыри ӕртӕ хатты.

Ног хабӕртты лентӕ
0