Хуссар Иры ӕфсады ауагътой контролон ахуыртӕ ӕхстон цӕттӕдзинадӕй

© Пресс-служба Минобороны Южной ОсетииХуссар Иры ӕфсады ауагътой контролон ахуыртӕ ӕхстон цӕттӕдзинадӕй
Хуссар Иры ӕфсады ауагътой контролон ахуыртӕ ӕхстон цӕттӕдзинадӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хатцӕгон басгӕрстты нывӕзты фӕлгӕтты ма ӕрӕджы ӕфсӕддонтӕн ацыдысты ахуыртӕ физикон ӕмӕ рӕнхъон цӕттӕдзинадӕй дӕр

ЦХИНВАЛ, 27 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады хатцӕгон басгӕрстты нывӕзты фӕлгӕтты ацыдысты контролон ахуыртӕ ӕхстон цӕттӕдзинадӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ӕхстой штатон хӕцӕнгарзӕй хацӕн ӕмӕ хицӕн милтӕм алыгъуызон уавӕрты.

Хуссар Иры МХМ кусджытӕ сгарынц хӕцӕнгарз дарыны уавӕртӕ цӕрджыты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ кусджытӕ сгарынц хӕцӕнгарз дарыны уавӕртӕ цӕрджыты хсӕн

"Службӕгӕнӕгӕн индивидуалон нысан райсыны тыххӕй хынцыд цыдысты йӕ зонындзинӕдтӕ куыд теоретикон хаййӕ, цы ран сты ӕхсыны бындуртӕ ӕмӕ фӕткойтӕ, хӕцӕнгарзы материалон хай, ӕдасдзинады домӕнтӕ, афтӕ ма хӕстон ӕхсты фӕстиуджытӕ дӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Хатцӕгон басгӕрстты нывӕзты фӕлгӕтты ма ӕрӕджы ӕфсӕддонтӕн ацыдысты ахуыртӕ физикон ӕмӕ рӕнхъон цӕттӕдзинадӕй дӕр, кӕцыдӕр дӕлхайӕдты хисӕрмагонд скондимӕ та тактикон ӕмӕ сӕрмагонд цӕттӕдзинадӕй дӕр.

Контролон ахуырты нысан у ӕфсӕддон дисциплинӕйы ӕцӕгӕй ӕмвӕзад, афтӕ ма ифтонгад, ӕфсӕддон техникӕйы уавӕр рафӕлгъауын.

Ног хабӕртты лентӕ
0