ХӔЗ къухдариуӕгад ӕрдзурдзӕн Хуссар Иры Гарзджын тыхтимӕ иумӕйаг ахуырты графикыл

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæХӔЗ къухдариуӕгад ӕрдзурдзӕн Хуссар Иры Гарзджын тыхтимӕ иумӕйаг ахуырты графикыл
ХӔЗ къухдариуӕгад ӕрдзурдзӕн Хуссар Иры Гарзджын тыхтимӕ иумӕйаг ахуырты графикыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зылды хӕстон цӕттӕкӕнынады нывӕзты 2021 азмӕ ис хайадист дӕсгай ӕхсӕнадӕмон ахуырты, сӕ нымӕцы республикӕйы территорийыл дӕр

ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы Хуссар Ӕфсӕддон зылды (ХӔЗ) къухдариуӕгад ӕрдзурдӕн дыууӕварсон конференцийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтимӕ иумӕйаг ахуырты графикыл фидӕн азмӕ, хъусын кӕны дыццӕджы зылды пресс-службӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой ныхмӕлӕууӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ иумӕйаг тыхтӕй скуынӕг кодтой "ныхмӕлӕууӕджы"

Нысангонд ӕрцыд, ахӕм фембӕлдтӕ кӕй нывӕндынц ауадзын Абхаз, Сомих, Алжир, Египет, Инди, Казахстан, Пакистан ӕмӕ Турчы минӕвӕрттимӕ.

Хуссар Ӕфсӕддон зылды зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, 2020 азы зылды ӕфсӕддонтӕ хайад кӕй райстой иумӕйаг уӕрӕсейаг-пакистайнаг ахуырты "Дружба-2020" ӕмӕ Египетимӕ ӕфсӕддон-денджызон ахуырты "Мост дружбы - 2020".

Афтӕ ма, ацы аз Хуссар Ӕфсӕддон зылды территорийыл уагъд ӕрцыдысты сӕрмагонд ахуыртӕ "Эшелон-2020", кӕцыты хайад райстой Сомих, Белоруси, Казахстан ӕмӕ Уӕрӕсе.

Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон-техникон ӕмгуыстады иууыл егъаудӕр мадзал уыд стратегион командон-штабон ахуыр "Кавказ-2020", кӕцыйы рӕстӕджы ХӔЗ ӕфсӕддонтӕ эффективон архайд кодтой Китай, Пакистан, Белоруси, Сомих ӕмӕ Мьянмаимӕ.

Уымӕй дарддӕр, азы дӕргъы ХӔЗ ӕфсӕддон базӕты дӕлхайӕдтӕ ауагътой цалдӕр иумӕйаг ахуыры Абхаз, Сомих ӕмӕ Хуссар Ирыстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0