Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы фыццагады

Рафыссын
Финалон тохы 61 килограммы уӕзы категорийы Сабанты Александр рамбылдта Ай-Белек Монгушы Тывайӕ 11:0 хыгъдӕй

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Ирон богал Сабанты Александр ссис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Уӕрӕсейы фыццагад уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 23 азы кары онг спортсменты хсӕн уагъд цӕуы Смоленскы.

Финалон тохы 61 килограммы уӕзы категорийы Сабанты Александр рамбылдта Ай-Белек Монгушы Тывайӕ 11:0 хыгъдӕй.

"Финалмӕ фӕндагыл Сабанты Александр нӕ фембылд иу балл дӕр. Квалификацийы рамбылдта Яков Павловы 11:0 хыгъдӕй, финалы 1/8 – Гаглойты Зауыры 10:0 хыгъдӕй, финалы цыппӕрӕм хайы 5:0 хыгъды тушейыл рамбылдта Рахим Гурдалиевы, ӕрдӕгфинадлы та Бикъойты Вадимы 10:0 хыгъдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдой, зӕгъгӕ, ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой ноджы дыууӕ ӕвзист ӕмӕ ӕртӕ бронзӕйон майданы. Ӕвзист майдантӕ рамбылдтой Толпарты Аслан (92 кг) ӕмӕ Хынцӕгты Сослан (125 кг), бронзӕйон майданты хицӕуттӕ та баисты Дзукъаты Роберт (74 кг), Цкъаты Сослан ӕмӕ Цхуырбаты Артем (92 кг).

Афтӕ ма, майрӕмбоны сыгъзӕрин майданыл 97 килограммы уӕзы категорийы тох кӕндзӕн Хуыгаты Хох.

Ног хабӕртты лентӕ
0