Цӕгат Иры райдыдтой Ног азмӕ цӕттӕ кӕнын

© Сайт АМС Владикавказа Цӕгат Иры райдыдтой Ног азмӕ цӕттӕ кӕнын
Цӕгат Иры райдыдтой Ног азмӕ цӕттӕ кӕнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзæуджыхъæуы фæнд кæнынц Ног азы 20 фæзы байгом кæнын. 1-æм декабры уал горæты фæзындысты фыццаг аив цырæгътæ

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны райдыдой Ног азмæ цæттæ кæнын. Бæлвырддæр та — аив кæнынц уæнгтæ, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Дзæуджыхъæуы фæнд кæнынц Ног азы 20 фæзы байгом кæнын. 1-æм декабры уал горæты фæзындысты фыццаг аив цырæгътæ.

"Ног азмæ саив кæндзысты Сæрибары, Адæмы хæттыты хæлардзинады, Фонтанты, Хетæгкаты Къостайы номыл парчы фæзтæ. Стæй Кировы, Цæнгæт æмæ Пожарскийы уынджы хидтæ. Уымæй уæлдай аив цырæгътæй сæрттивдзысты горæты бирæ уынгтæ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Столицӕйы Центрон парчы уыдзæнис бæрæгбоны сæйраг зонæ, Митын Дадайы ног хæдзаримæ. Уым ма уыдзæн хуызистытæн сæрмагонд бынат дæр. Ног азы бæрæгбонты фæзтæ байгом кæныны тыххæй горæты администраци хъусын кæндзæн рагагъоммæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0