Цхинвалы хӕдзары раз ссардтой ноггуырд сабийы

© SputnikЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабийы цыппӕрӕмы ӕхсӕвы ссардтой Октябры уынджы хӕдзары цӕрджытӕ. Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ агурынц сывӕллоны мады

ЦХИНВАЛ, 4 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ агурынц сылгоймаджы, кӕцы ныууагъта йӕ ноггуырд сабийы Октябры уынджы хӕдзӕрттӕй иуы раз.

Горӕты мидхъуыддӕгты хайады куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй хӕдзары хицӕуттӕ фехъусын кодтой милицимӕ, ивгъуыд ӕхсӕвы сӕ хӕдзары раз кӕй ссардтой ноггуырд сабийы.

"Уый у чызг. Саби нӕ райста травмӕтӕ, нӕ ныссалд. Ныр сывӕллоны бакодтой гуырӕн хӕдзармӕ, цы ран йе 'нӕниздзинадмӕ сӕ хъус дарынц дохтыртӕ", - загътой Мидхъуыддӕгты хайады.

Агентады ныхасӕмбалы ныхӕстӕм гӕсгӕ, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ агурынц сывӕллоны мады.

© SputnikОктябры уынгыл хӕдзар, цы ран ссардтой ноггуырд сабийы
Цхинвалы хӕдзары раз ссардтой ноггуырд сабийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Октябры уынгыл хӕдзар, цы ран ссардтой ноггуырд сабийы
Ног хабӕртты лентӕ
0