Дзауы районы ветерантӕн байуӕрстой бынаты ӕркӕнгӕ картоф

© Sputnik / Дриаты ЛейлаДзауы районы ветерантӕн байуӕрстой бынаты ӕркӕнгӕ картоф
Дзауы районы ветерантӕн байуӕрстой бынаты ӕркӕнгӕ картоф - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй ма районы цы иунæг уыд - Магкоты Соня- уыдис, уый дæр æрæджы фæхъуыдис а-дунейæ. Ныр ма Дзауы ветеранты советы номхыгъды сты, фæсчъылдым чи тох кодта гитлерон фашизмимæ, уыдон, фæллойы æмæ æндæр категориты ветерантæ дæр

ЦХИНВАЛ, 7 дек - Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Иры Дзауы районы ветеранты советы сæрдар йæ дæлбаруæвæг ветерантæн æххуысы хуызы байуæрста бынаты æркæнгæ картоф.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй ма районы цы иунæг сылгоймаг ветеран - Магкоты Соня- уыдис, уый дæр æрæджы фæхъуыдис а-дунейæ. Ныр ма Дзауы районы ветеранты советы номхыгъды сты, фæсчъылдым чи тох кодта гитлерон фашизмимæ, уыдон, фæллойы æмæ æндæр категориты ветерантæ дæр.

Магкоты Соня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны йӕ цардӕй ахицӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран

Уыдонæй бирæтæн æрæджы æххуысы хуызы районы ветеранты советы сæрдар Гатыгкоты Манана арфæйы ныхæстимæ байуæрста дæсгай килограмты бæрц бынæттон картоф.

"Цалдæр азы фæд-фæдыл нæ районы бæрзонд хъæуты байтауынц картоф æмæ сæ байуарынц скъолатыл, сабидæттыл, организацитыл, афтæ ма æххуысхъуаг бинонтыл. Бафæндыд мӕ, цæмæй ацы аз уыдон номхыгъдмæ бахастаиккам ветеранты дæр. Бахатыдтæн нæ районы хистæр Джиоты Андреймæ æмæ мын тынг æхсызгонæй сæмбæлдис мæ хъуыдыйыл", - радзырда советы сӕрдар.

Гатыгкоты Манана куыд радзырдта, афтӕмӕй ветеранты номхыгъд стыр у, фæлæ дзы равзæрстой ахæмты, кæцытæн хъуыдис аххуыс кæнын.

"Кæд сын голлæгтæ нæ байуæрстам, уæддæр сын ссардтам сæ нæмттӕ. Ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты нæ ветерантæ æмæ-иу нын загътой стыр бузныджы ныхæстæ. Бирæтæ-иу дзы стыр бузныг загътой æмæ-иу сæ нæ бакуымдтой, нæхимæ дам фаг ис. Уыцы адæмы хæйттæ-иу уæд байуæрстон номхыгъды мын чи нæ уыд, уыцы ветерантыл", - бафтыдта уый.

Ветеранты советы сӕрдар ма куыд радзырдта, афтæмæй йæ хæсыл нымайы, цæмæй дарддæр дæр йæ хъус дара æмæ йæ бон кæм уа, уым-иу йæ дæлбаруæвæг адæймæгты фарсмæ æрбалæууа æмæ-иу сын æвæрццагæй аскъуыддзаг кæна, рæгъмæ цы фарстытæ хæссой, уыдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0