Хуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл
Хуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны президент фембӕлд Знауыр, Дзау ӕмӕ Цхинвалы районты цӕрджытимӕ

ЦХИНВАЛ, 28 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ауагъта фембӕлд Ленингоры районы цӕрджытимӕ хуыцаубоны Цъинагары хъӕуы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Инвестицион программӕйы реализацийы фӕдыл штабы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы азы Инвестпрограммӕйы объекттӕн фесты сӕ 90 проценты – Хуссар Иры арӕзтады министрад

Сӕйраджыдӕр, уый радзырдта Хуссар Ирыстоны уавӕры тыххӕй Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕстӕ. Президент банысан кодта, депутатты корды архӕйдтыты тыххӕй нӕ райстой 2021 азы бюджет, афтӕ ма ивындзинӕдтӕ ацы азы бюджетмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ хъуамӕ бафыстаиккой фиддонтӕ "сырх зонӕйы" медиктӕн ӕмӕ рахицӕн кодтаиккой фӕрӕзтӕ чысыл ӕмӕ астӕуккаг бизнесӕн кредиттӕ раттыны нысанӕн.

Уый фӕстӕ президент банысан кодта, Ленингоры районы проблемӕты фылдӕр хай кӕй аскъуыддзаг кодтой, фӕлӕ ма дзы цалдӕр уӕддӕр баззад. Сӕ нымӕцы, донифтонгад, фӕндӕгты арӕзтад, электрохызӕгты хӕххытӕ раивын.

Фембӕлды рӕстӕджы Ленингоры районы цӕрджытӕ радтой сӕ фарстытӕ республикӕйы сӕргълӕууӕгмӕ.

Цӕрджытӕй иу радзырдта, 2006 азы кӕй бафыста паддзахадимӕ бадзырд, цӕмӕй рӕстӕгмӕ радта йӕ хӕдзар скъолайӕн, фӕлӕ райста компенсацийӕн ӕрмӕстдӕр йӕ иу хай. Бибылты Анатолий бахӕс кодта бафидын компенсаци ног къуыри.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уыдон сты адӕмы ӕхцатӕ": Бибылты Анатолий 2021 азмӕ бюджет райсыны тыххӕй

Афтӕ ма президент сдзуапп кодта Цъинагары хъӕумӕ кабелон интернет ауадзыны фарстыл. Республикӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, интернет нырма ауадздзысты Къайсамӕ, уый фӕстӕ та Цъинагар ӕмӕ Ленингормӕ.

Бибылты Анатолийы ма бафарстой Ленингоры районы Монастъеры хъӕуы уылты доны хӕтӕл ауадзыны тыххӕй.

"Тынг хорз проект у. Куыст уагъд цӕуы, фӕлӕ йӕ реализацийӕн хъӕуы 800 милуан сомы. Ацы ӕхцатӕ хъӕуы агурын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дон хъӕуы ауадзын. Уӕд доны цухдзинад нал уыдзӕн Орчъосан, Цъинагар, монастъер ӕмӕ Гдулеты", - загъта уый.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл
Хуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл
© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл
Хуссар Иры президент сдзаупп кодта Ленингоры районы цӕрджыты фарстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Уымӕй дарддӕр, президент бахӕс кодта хъӕуы администрацийӕн аскъуыддзаг кӕнын Цъинагары хъӕуы администрацимӕ дон бауадзыны проблемӕ.

Культурӕйы кусджытӕн сӕ мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, кӕй райдадзысты фылдӕр кӕнын 2021 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ.

Ноджы ма иу цӕрӕг бадзырдта президентмӕ, цӕмӕй социалон ӕххуыс бакӕной районы ӕххуысхъуаг бинонтӕн. Бибылты Анатолий бахӕс кодта Цъинагары хъӕуы администрацийӕн бацӕттӕ кӕнын ӕххуысхъуаг бинонты номхыгъд.

Район газӕй сифтонг кӕныны фарсты фӕдыл президент банысан кодта, документаци кӕй у цӕттӕ, куыстытӕ та райдайдзысты 2021 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0