Гобозты Валерий. Ирыстоны номдзыддæр æмæ уæздандæр хъæбултæй сæ иу

© Фото: Дриаты ЛейлаГобозты Валерий
Гобозты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæларзæрдæ, æнæзивæг, Валерий мидбылхудгæ æмбæлд алкæуыл дæр, фæлæ йæ зæрдæйы сагъæсæвдисæг уыдысты йæ цæстытæ - цыдæр мидхъуырдухæнты уыд æдзух, цыдæр сусæг маст ын йæ уд æхсыдта, кæд æй никуы æргом кодта, уæддæр

ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Дриаты Лейла. Гобозты Валерийы хуызæттæй ирон адæм афтæ фæзæгъынц: "Сабыр, уæздан, уæззонд, никуы никæй бахъыгдардзæн, мæлдзыджы дæр нæ фæхъыг кæндзæн". Ахæм уыд Гобозы фырт, фæлæ, уый хыгъд, æппæлгæ, йæ риу хойгæ размæ нæ бырста; курдиатджын поэт, хорз тæлмацгæнæг, литературæ амонæг æмæ алæмæтон миддунейы сконды хицау уæвгæйæ, уый йе ‘рмæджытæ, бирæтау, тыххæй нæ хъардта адæмæн, никæй тыхсын кодта, афтæмæй та йæ поэтикон текстты алы рæнхъ дæр у зæрдæмæхъаргæ, мидисджын, арф хъуыдыимæ.

"Зондджын, уæздан адæймаг, уыд иттæг хорз литератор. Ирон лæджы æвæрццаг миниуджытæй - æххæст. Уал азы дæргъы иумæ фæкуыстам æмæ никуы хъуыды кæнын, уый искæй фæхъыг кодта кæнæ тызмæгæй йæхи равдыста. Цыфæнды æнæвдæлон ма уыдаид, уæддæр бахъуыды сахат æххуысмæ уыд цæттæ, дæ къух дын ацарæзтаид", - зæгъы йе ‘мкусæг Гуыцмӕзты Евелина.

Цалдæр азы йе мгӕртты ‘хсæн нал ис Валерий, фæлæ, Евелинайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу уысм дæр уыдонӕй рох нæу.

"Хæларзæрдæ, æнæзивæг, Валерий мидбылхудгæ æмбæлд алкæуыл дæр, фæлæ йæ зæрдæйы сагъæсæвдисæг уыдысты йæ цæстытæ - цыдæр мидхъуырдухæнты уыд æдзух, цыдæр сусæг маст ын йæ уд æхсыдта, кæд æй никуы æргом кодта, уæддæр. Хъысмæтæн цы загъдæуа, æндæра йын бирæ хæрзиуджытæ бантыстаид саразын йе сфæлдыстадон фæндагыл, йæ царды, ноджыдæр лæггад кодтаид йæ радтæг адæмæн", - банысан кодта уый.

Гæбæраты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сæйрагдæр у цины æнкъарæнтæ хæссын": Гæбæраты Дауыт – ирон театры легендӕ

Куыд журналист æмæ куыд поэт, афтæ ирон адæмы æппæт трагикон цауты Валерий Лентъойы фырт рауагъта йæ æнкъараг зæрдæйыл æмæ сæ адæмы размæ хаста газетон уацты æмæ поэтикон уацмысты хуызы. Сагъæсы йæ æппæрста, хуссарирыстойнаг ирæттæн сæ фидæн цы уыдзæн, уый. Æмæ 2007 азы цы æмдзæвгæты æмбырдгонд рауагъта, уымæн дæр йæ ном схуыдта "Сагъæс Ирыстоныл". Ам бакæсæн ис бирæ номарæн æмдзæвгæтæ -йæ адæмы сæрыл сæ сæр нывондæн чи æрхастой, Ирыстонæн чи скад кодтой, уыдонæй бирæты тыххæй.

Чиныджы ма ирдæй зыны, ныййарæгæн цы стыр аргъ кодта, уый дæр. Уымæн æвдисæн -йæ мад Верæ æмæ йæ фыд Лентъойы тыххæй цы поэмæтæ ныффыста, уыдон. Уæвгæйæ, ацы чиныг ныффыссынмæ Валерийы сфæлдыстадон цæхæр уæззау дуг аздæхта. Уый размæ йын цы поэтикон æмбырдгæндтæ рацыдысты мыхуыры: "Æмдзæвгæтæ" (1985 аз) æмæ "Арвæрдыны дидинæг" (1989 аз), зæгъгæ, уыдон йедзаг уыдысты царды цинты, уарзты, хæлардзинады æнкъарæнтæй, фæлæ дуг йæ дæрзæг арм æрæвæрдта поэты сфæлдыстадыл дæр æмæ йæ не суæгъд кодта йæ амæлæты бонмæ. Уый бæрæг у йæ фæстаг чиныджы номæй дæр – "Зæрдæйы цæссыгтæ" (2011 аз). Хъыгагæн, ацы чиныджы йын йæ къухмæ райсын нал бантыст - æрбахастой ма йæм æй йæ æвæрæн бон...

Валерий, зæгъæн ис, уыд бирæварсон курдиаты хицау. Йæ царды сæрмагонд бынат ахстой шахмæттæ æмæ шашкæтæ. Йе ‘взонджы бонты уый хайад иста уæды областы, Гуырдзыстоны æмæ Советон Цæдисы æндæр æмæ æндæр ерысты æмæ-иу бацахста призон бынæттæ. Уыд Гуырдзыстоны чемпион шашкæтæй, авд хатты та бацахста дыккаг бынæттæ. Хорз æнтыстытæ йын уыд шахмæттæй дæр. Ацы интеллектуалон хъазт æппæт йæ царды дæргъы æмдзу кодта йемæ. Кæд йæхæдæг нал хъазыд, хайад нал иста ерысты, уæддæр спорты ацы хуызыл цайдагъ кодта рæзгæ фæлтæры.

© Фото: Дриаты ЛейлаГобозты Валерий
Гобозты Валерий. Ирыстоны номдзыддæр æмæ уæздандæр хъæбултæй сæ иу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гобозты Валерий

Йæ лæгæдтæ ацы къабазы дæр зынгæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ республикæйы шахматты федераци ныр цалдæр азы ауадзы йæ номыл турнир шахматтæй. Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий дæр кæй у Валерийы раздæры хъомылгæнинаг.

"Уыд æцæг ирон, æгъдауджын, фæрнджын æмæ хъæздыг удварны хицау. Уымæй иу хъæрæй ныхас никуы ничи фехъуыста. Йæ ахаст - фæлмæн, хъарм; йе ‘мныхасгæнæджы цæстытæм-иу каст йе ‘нкъард цæстæнгасæй æмæ-иу лæмбынæг ныхъхъуыста. Стæй загътаид йæ хъуыды æмæ уыцы дзырдтæ адæймагæн уыдысты, узæлаг мады арфæйау, æхцон. Æгæрон уарзтæй уарзта йæ куыст, йе ‘мбæлтты, йæ хæлæртты", - мысы Георгий йӕ ахуыргӕнӕджы.

Валерий уӕззау цардвӕндӕгтыл рацыд, фӕлӕ йын уӕлдар тынг йӕ зӕрдӕ ӕрхӕндӕг кодта, 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты рӕстӕджы йӕ хӕдзар кӕй ныппырх ӕмӕ йын сӕндидзын кӕй нал ӕнтыст, уый тыххӕй. Йе мкусӕг Джиоты Фатимӕйы зӕрдыл арӕх ӕрлӕууы иу цау Валерийы тыххӕй.

"Ӕз редакцимæ сцæйцыдтæн, уый та куысты фæстæ хæдзармæ фæцæйцыд Ленины уынгыл. Тынг æнкъард, æрхæндæг мæм фæкаст æмæ йæ афарстон. Уый арф ныуулæфыд æмæ мын афтæ: "Мæ хæдзар нал æмæ нал сцалцæг хæсты фæстæ, мæ хомæ цæрын, уымæй дæр æфсæрмы кæнын. Рæсугъд нæу, æфсымæр хомæ цæра, фæлæ цы бачындæуа, балæууæндон мын нæй æмæ...", - дзуры йӕ мысинӕгтӕ Фатимӕ.

Валери цардæй бирæ нæ домдта. Фӕндыд ӕй æрмæстдæр, цæмæй кусын йæ бон уыдаид, кусыны фадат ын уыдаид. Фæлæ йын уыцы хæрзиуæг дæр хъысмæты цæст нæ бауарзта æмæ 64 аздзыдæй, 2012 азы 20 январы, йæ тæккæ сфæлдыстадон тыхы уæвгæйæ, ахицæн йӕ уарзон бинонты ӕмӕ ӕмгӕртты хсӕнӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0