ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik, Козаты Диана. Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй фӕфылдӕр ис наркотикон буарадӕй ӕнӕзакононӕй пайдагӕнджыты нымӕц. Хыгъдон коллегийы ралӕугӕйӕ, уый наркотикон буарӕдты зилдухимӕ уавӕр схуыдта вазыгджын.
"2020 азы кӕд фӕкъаддӕр сты наркотикты ӕнӕзаконон зилдухы тыххӕй уголовон хъуыддӕгтӕ, уӕд уыдонӕй пайдагӕнджытӕ та фесты фылдӕр", - загъта уый.
Социалон-криминологон анализы бӕрӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, генпрокурор банысан кодта, 2020 азы наркотикон буарӕдтимӕ баст фӕткхӕлдтӕ цы цӕрджытӕ сарӕзтой, уыдоны 70 проценты кӕй сты 22-30 азы кары фӕстивӕд, 28 проценты та - 30 азӕй уӕлӕмӕ кары адӕм.
Уыимӕ ма Дзӕгъиаты Уырызмӕг бахахх кодта, ивгъуыд азы кӕй нӕ рабӕрӕг кодтой иу ахӕм цау дӕр, цӕмӕй наркотикон буарӕдтӕй пайда кодтаид ӕнахъом цӕрӕг.