Хуссар Иры рабӕрӕг ис дӕс ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæКовид
Ковид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй ӕдӕппӕт сарӕзтой 17 178 иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 942 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ивгъуыд суткӕйы Хуссар Ирыстоны сарӕзтой 156 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй. Фыццаг хатт рабӕрӕг ис дӕс ног рынчыны вирусӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Сывӕллӕтты рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Хуссар Иры коронавирусы инфекциимӕ рынчындонмӕ бахаудтой цыппар сывӕллоны

Ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой иу адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын нырма сты 853 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй ӕдӕппӕт сарӕзтой 17 178 иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 942 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. COVID-19-ӕй 2089 фӕрынчынуӕвӕджы та ныридӕгӕн сӕнӕниз сты.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0