"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

© AFP 2022 / AIZAR RALDESКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй ӕдӕппӕт сарӕзтой 17 362 иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 963 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Къуырисӕры райсоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 21 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистӕры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Коронавирус радӕрӕг кӕныны тыххӕй цы 184 тесты сарӕзтам, уыдон низ рабӕрӕг кодтой 21 адӕймагӕн", - загъта уый.
Сывӕллӕтты рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Хуссар Иры коронавирусы инфекциимӕ рынчындонмӕ бахаудтой цыппар сывӕллоны

Гаглойты Анна Ма бафтыдта, ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй кӕй систой 11 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын нырма сты 863 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй ӕдӕппӕт сарӕзтой 17 362 иртӕстӕй фылдӕр коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 2 963 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0