Къахӕй ӕмӕ такситыл: Цхинвалы районты цӕрджытыл не ‘ххӕссы ӕхсӕнадон транспорт

© Sputnik / Наталья АйриянЦАРЗ
ЦАРЗ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.02.2021
Рафыссын
ЦАРЗ-ы цы ног микрорайон ис, уырдæм цæуы æрмæстдæр иунæг 5-æм маршрутон такси, фæлæ ацы маршрут цæрджытæй бирæты къух нæ аразы

ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik. Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицӕйы кӕцыдӕр районты цӕрджытӕ ӕййафынц цухдзинад маршрутон такситы лӕггӕдтӕй. Цхинвалы Хъайтарты уынджы кæрон, ома, 12-æм астæуккаг скъолайы районмæ нæ цæуы иунæг маршрутон такси дæр. Цӕрджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъæугæ та æнæмæнгæй кæны, уымæн æмæ ацы районы цæры бирæ адæм.

"Хъайтарты уынджы кæрон цы фондзуæладзыгон аварион корпус уыд, уый цæрджытæн фатертæ радтой ЦАРЗ-ы, фæлæ сæ сывæллæттæ раздæрау ахуыр кæнынц 12-æм скъолайы, сæ сабитæ та цæуынц ацы районы сабидонмӕ. Афтæмæй ЦАРЗ-æй 12-æм скъолайы районмæ маршрутон такси кæй нæ цæуы, уый фæстиуæгæн мах æвзарӕм стыр зындзинæдтæ", - зæгъы цæрджытæй сæ иу Маргарита.

Уый ма банысан кодта, алкæмæн хисæрмагонд транспорт кæй нӕй æмæ "чи таксийыл йæ мæгуыр капеччытæ хардз кæны, чи та сæрдæй зымæгæй къахæй фæцæуы ахæм стыр дæрддзæджы".

Хуссар Иры фæкъаддæр кодтой æхсæнадон транспорты рейстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2020
Хуссар Иры фæкъаддæр кодтой æхсæнадон транспорты рейстæ

ЦАРЗ-ы цы ног микрорайон ис, уырдæм цæуы æрмæстдæр иунæг 5-æм маршрутон такси, фæлæ ацы маршрут цæрджытæй бирæты къух нæ аразы.

"Хорз уаид æмæ ацы проблемæ кæмæ хауы, уыдон куы бахынциккой цæрджыты домæн æмæ ацы районмæ, кæнæ та Октябры уынджы кæронмæ маршрут куы бакæниккой, уый. Уæд тынг фæрог кæниккой 12-æм скъолайы районы цæрджыты уавæр æмæ сæ баззаиккам бузныгæй", - бахатыд районы цӕрӕг Арина.

Ацы проблемӕйӕн комментарийтӕ аразгӕйӕ, автомобилон транспорты управленийы хистæр Дудайты Альберт банысан кодта, уагдонӕн йӕ бон кӕй нæу персоналонæй рахицæн кæнын транспорт, уымæн æмæ нæй уыцы фæрæзтæ æмæ управлени йæ хæрдзтæ кӕй нæ бамбæрздзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0