Майданджын рауагъдон: куыд ӕххуыс кӕны хорзӕх Хуссар Иры абитуриентӕн

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны рауагъдонтӕ
Хуссар Ирыстоны рауагъдонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.02.2021
Рафыссын
Ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны рауагъдонтӕй иу райста сызгъӕрин майдан ӕмӕ ӕхсӕз та ӕвзистытӕ

ЦХИНВАЛ, 25 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хистӕркъласонтӕй астӕуккаг скъола сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист майдантыл каст чи фӕуд кӕны, уыдонӕн сӕ ацы хорзӕхтӕ феххуыс уыдзысты УФ ӕмӕ РХИ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕуыны рӕстӕджы. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Ахуырады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Натали.

"Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмӕ бацӕуыны рӕстӕджы профилон фӕлварӕнӕй фондз куы райса, уӕд аннӕтӕй у сӕрибар. УФ дӕр хынцыд цӕуы абитуриенты портфолио, сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист майданы фӕрцы бафтауынц баллтӕ, сӕ нымӕц алкӕцы ахуыргӕнӕндон бӕлвырд кӕны йӕхӕдӕг", - загъта Гасситы Натали.

Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг ма бафтыдта, сызгъӕрин майдан райсынӕн кӕй хъӕуы хыгъдон ӕмӕ азы фӕлварӕнтӕ раттын фӕндзтыл 10-11 кълӕсты.

 Хуссар Иры ахуырады министр схорзӕхджын кодта медалистты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2020
Цӕвиттойнаг рауагъдонтӕ: Хуссар Иры ахуырады министр схорзӕхджын кодта медалистты

"Ӕвзист райсынӕн фӕстаг дыууӕ азы ӕрмӕст дыууӕ фӕлварӕнӕй хъуамӕ уа цыппӕртӕ, аннӕтӕ иттӕг хорз нысӕнттӕ. Зӕрдыл дарын хъӕуы, уыдон аз ӕртӕ хатты кӕй дӕттынц министрады контролон куыстытӕ уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйӕ, афтӕ ма математикӕйӕ, уым дӕр ӕвзӕр нысан райсгӕйӕ, уыдон майданмӕ претендентты нымӕцӕй рахауынц", - бафтыдта уый.

Уый ма бафтыдта, министрады контролон хӕслӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй вӕййынц скъолайы нывӕзтӕй.

"Ивгъуыд азы пандемийы аххосӕй контролон куыстытӕ ауагътой ӕрмӕст дыууӕ. Ацы аз фӕнд кӕнӕм ауадзын ӕртӕ, кӕд эпидемиологон уавӕр бар радта, уӕд", - балхынцъ кодта Гасситы Натали.

Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны рауагъдонтӕй иу райста сызгъӕрин майдан ӕмӕ ӕхсӕз та ӕвзистытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0